Богæлттæ рамбылдтой балцæгтæ

0
374

Ивгъуыд къуыри  хъæздыг уыд спортивон ерыстæй, уæлдайдæр  нæ хъæбысæйхæцджытæн. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Ирыстоны æрыгон (18 азы онг) æмæ фæсивæдон (21 азы онг) командæтæ архайдтой Мæскуыйы облæсты горæт Наро-Фоминск æмæ дагъистайнаг горæт Хасавюрты  бæрнон ерысты.

Наро-Фоминскы нæ (18 азы онг) богæлттæ фондз æмæ ссæдзæй архайдтой Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты.  Тох дзы цыди фыццаг бынат бацахсынæй уæлдай дунейы æмæ Европæйы чемпионаттæм балцæгтæ райсыныл.

Ерысты фæткмæ гæсгæ, 1-аг бынæттæ бацахсæг богæлттæн балцæгтæ лæвæрд цыди дунеон чемпинатмæ, 2-аг бынæттæм рацæуæг богæлттæ та æрвыст цæудзысты Европæйы æрыгæтты чемпионатмæ.

Ацы бæллиццаг хæрзиуджытыл ерыс кодта 500 богалæй фылдæр. Нæ лæппутæ  æдæппæтæй рамбылдтой аст хæрзиуæджы: æртæ  сыгъзæрины, иу æвзист æмæ цыппар  бронзæ майданы. Фыццаг фесгуыхт тренер Наниты Зурабы хъомылгæнинаг Багаты Арслан. Уый 80 кг онг уæзы иттæг хорз рахæцыд йæ фондз ныхмæлæууæгимæ æмæ се ‘ппæтыл дæр фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ. Кæронбæттæны Арсланы ныхмæлæууæг уыди Кæсæг-Балхъары  минæвар Ислам Кильчугов æмæ ууыл дæр Багайы-фырт фæуæлахиз. Ацы уæзы хорз рахæцыд Санаты Георгийы хъомылгæнинаг Бæдтиаты Алик дæр. Уый йæ фыццаг æртæ ныхмæлæууæгыл куы фæуæлахиз, уæд ерысты 1/4 хайы фембæлд Багаты Арсланимæ. Сæ фембæлд Багайы-фырты пайдайæн куы ахицæн, уæд ма Бæдтиаты Аликæн фадат уыди 3-аг бынатыл тох кæнын, æмæ уый йæ гæнæнæй иттæг хорз спайда кодта. Алик ма фæуæлахиз йæ дыууæ ныхмæлæууæгыл æмæ бацахста 3-аг бынат.

Дыккаг сыгъзæрин майдан нæ командæйæн рамбылдта Хъоцыты Тамерланы хъомылгæнинаг Дзæгъиаты Сослан. 92 кг онг уæзы  сæрæн хæст ракодта йæ фондз ныхмæлæууæгимæ æмæ кæронбæттæны фембæлд дагъистайнаг богал Гаджи Кадиловимæ. Ацы фембæлд дæр ахицæн Сосланы пайдайæн æмæ сси сыгъзæрин майданæй хорзæхджын.

Йæ уæзы ма æртыккаг бынат бацахста Плиты Аланы хъомылгæнинаг Плиты Ален.

Хъоцыты Тамерланы иннæ хъомылгæнинаг Бестауты Андрей нæ командæйæн сыгъзæрин майдан  рамбылдта уæззау уæзы (110 кг онг).

Андрей дæр йæ ныхмæлæуджытыл се ‘ппæтыл дæр фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ. Йæ алы фембæлды дæр равдыста уæлахизмæ тырнындзинад.

Фыццаг бынат бацахсынмæ хæстæг уыди Гобозты Арсалан дæр. Уый фæд-фæдыл рамбылдта фондз ныхмæлæууæджы, фæлæ кæронбæттæны иучысыл фæкъуылымпы æмæ 71 кг онг уæзы æрлæууыд 2-аг къæпхæныл. Арсаланы тренер у Саулохты Чермен.

65 кг онг уæзы нæ лæппутæ Дыгурты Игор (йæ тренер Тедеты Вадим) æмæ Гаджиты Аслан (йæ тренер Наниты Зураб) дыууæйæ дæр бацахстой          3-аг бынæттæ.

Нæ командæйы хистæр Уæрæсейы сгуыхт тренер Рубайты Руслан нæ богæлтты архайды тыххæй зæгъы: «Мæнмæ гæсгæ, ахæм стыр ерысты нæ лæппутæ сæхи лæмæгъæй нæ равдыстой. 500 богалæй фылдæр кæм хæцыди, уым аст хæрзиуæджы рамбулын хорз бæрæггæнæныл банымайын хъæуы. Нæ командæйы уыди 25 богалы. Дагъистанæй та ерысты архайдтой 65 богалы. Ноджы ма махæн нæ командæ дæс уæзæй хæцыд æрмæстдæр фондзы. Уымæн æмæ ацы кары Ирыстоны æппæты рогдæр уæзты богæлттæ зын ссарæн у. Нæ лæппутæ 15-16 азмæ айрæзынц æмæ нæм рогуæзонтæ хæрзгыццыл аззайы. Уый хыгъд ам цы фондз уæзы хæцыдысты, уыдоны се ‘ппæты дæр уыдысты тыхджындæртимæ.

Нæ лæппутæ æртæйæ балцæгтæ райстой дунеон чемпионатмæ, иу та — Европæйы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæм. Ныр нæ бацархайын хъæуы уыцы ерыстæм хæрзцæттæйæ ацæуыныл».

Уыцы бонты та дагъистайнаг горæт Хасавюрты уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ  фæсивæды (21 азы онг) ‘хсæн. Ирыстоны командæ, йæ сæргъы хистæр тренер Лалыты Вадим, афтæмæй,  рамбылдта авд хæрзиуæджы.  Цæгат Кавказы ма фыццаг бынат бацахсынæй уæлдай тох цыди Уæрæсейы  чемпионатмæ балцæгтæ райсыныл дæр.

Лалыты Вадим зæгъы: «Хасавюрты нæ богæлттæй нæ хæцыдысты, амæй размæ Уæрæсейы чемпионатмæ балцæгтæ чи райста, уыцы цалдæр лæппуйы. Уымæ гæсгæ нæ хæс уыд, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр балцæгтæ рамбулын. Уыцы бар та хаудта, 1-5-æм бынæттæ чи бацахса алы уæзы дæр, уыцы богæлттæм. Нæ лæппутæй майдантæ чи рамбылдта, уыдонæй уæлдай ма 4-5-æм бынæттæ бацахсæгтæ авдæй райстой сæхи Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæм цæттæ кæныны бар».

Хасавюрты нæ фæсивæдæй фыццаг бынат бацахсын бантыст Цхуырбаты Артемæн. Уый 92 кг онг уæзы хорз рахæцыд йæ фондз ныхмæлæууæгимæ дæр æмæ схызт 1-аг къæпхæнмæ. Артемы ерыстæм бацæттæ кодта Рубайты Руслан. Нæ богæлттæ æртæ хатты уыдысты 2-аг бынæтты, æртæ хатты та — 3-аг бынæтты.

2-аг бынæттæ бацахстой: Челдыты Давид (70 кг), Куыдзойты Алан (74 кг) æмæ Плиты Ацæмæз. 3-аг бынæттæм та рацыдысты: Дзукъаты Роберт (70 кг онг), Чертхъоты Руслан (79 кг) æмæ Бестауты Сослан (125 кг).

Ныр нæ богæлттæ сæхи цæттæ кæндзысты  Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæм. Цæудзысты апрелы Республикæ Тывайы.

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here