Бастдзинад — нымæцон технологиты фæрцы

0
294

Дунеон информацион агентад æмæ радио Спутник 11 мартъийы 10 сахатыл Белорусы сæйраг горæт Минскы сарæзтой видеобастдзинад Цæгат Ирыстон-Аланийы информацион технологиты æмæ бастдзинады управлениимæ. Спутникы пресс-центрмæ æрæмбырд сты Белорусы регионалон дзыллон хабархæссæг фæрæзты разамонджытæ æмæ кусджытæ. Ног фембæлд арæзт æрцыд Белорусы Журналистты цæдисы æххуысæй. Ныхас дзы цыди «Регионалон дзыллон хабархæссæг фæрæзты нымæцондзинад»-ыл.

Видеобастдзинады Белорусæй архайдтой: информацийы министр Александр Карлюкевич, «Журналистты цæдисы» правленийы сæрдар Андрей Кривошеев, информацион агентад æмæ радио Спутникы разамонæг Андрей Качура, регионалон газеттæ æмæ радиоты разамонджытæ, паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ.

Видеобастдзинады Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ архайдтой: Информацион технологитæ æмæ бастдзинады управленийы разамонæг Сæлбиты Алан æмæ Мыхуыр æмæ дзыллон бастдзинады фæрæзты комитеты разамонæг Фидараты Юри.

Видеобастдзинады архайджытæ кæрæдзиуыл зæрдиагæй бацин кодтой æмæ æрдзырдтой, дарддæр нымæцон технологиты рæзтыл куыд кусдзысты, ууыл.

— Нырыккон технологитæ канд хуымæтæг адæмæн æххуыс нæ кæнынц, фæлæ ма тынг ахъаз сты адæмты æхсæн бастдзинады, кæрæдзи æмбарынады хъуыддаджы. Цæмæй кæрæдзийы ‘хсæн сæ хъуыдытæ æмæ сæ бæллицтæ дих кæной, уый тыххæй та æнæмæнг хъæуынц ног технологитæ. Уыцы технологитæ, куыд уынæм, афтæмæй ныртæккæ сты цардæн йæ алы фæзилæны дæр. Мах кæддæр иу домбай бæстæ уыдыстæм, фæлæ хъысмæт афтæ рауад, æмæ ныр ныххæлиутæ стæм, хицæн паддзахæдтæ систæм. Фæлæ ныр ног технологиты руаджы ногæй кæрæдзиимæ дзурын райдыдтам. Цы хъуыдытæ, цы бæллицтæ нæм ис, уыдон æргом кæнæм кæрæдзийæн. Æмæ уый у хорз хъуыддаг, уымæн æмæ алы бæстæйы дæр цæры хуымæтæг адæм æмæ хъуамæ кæрæдзи æмбарæм, иумæ архайæм нæ цард фæхуыздæр кæныныл, — загъта Сæлбиты Алан.

 

ХЪОЙБАТЫ Галинæ

Къам систа

КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here