Социалон хызты тæссагдзинæдтæ

0
271

Знон Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты уыд тымбыл стъол. Ныхас дзы цыд фæсивæды ‘хсæн терроризмы æмæ экстремизмы фæзындтытæ ма æруадзыныл, нæ кæстæрты уыцы зондыл чи ардауы Интернеты, уыцы сайтты ныхмæ тох кæныны мадзæлттыл, стæй, нæм фæсарæнтæй фæсивæды галиу зондыл ардауæг цы информаци цæуы, уымæн ахуырад æмæ хъомылады ныхкъуырд дæттыныл.

Тымбыл стъолы ма уыд зындгонд политолог Янæ Амелинайы ног чиныг «Бенефис ненавести»-йы презентаци дæр. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинæдты фарстыты фæдыл министрады, Æхсæнадон палатæйы, дины организациты минæвæрттæ, Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты æмæ ЦИПУ-йы ахуыргæндтæ.

Фембæлд байгом кодта РЦИ-Аланийы пысылмæтты дины управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат.

— Нæ фæсивæд цæмæй раст зондыл хæст уой, æмæ царды раст фæндæгтæ æвзарой, дин æмæ æхсæнад, астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырады скъолаты сын дин æмæ адæмты ‘хсæн ахастдзинæдтæ цæй мидæг сты, уый раст æмбарын кæной, Интернет æмæ æндæр информацион фæрæзтæ сæ фисынмæ зондыл ма ардауой, уый тыххæй æрныхас кæнынмæ æрбамбырд стæм абон, — загъта Гуæцæлы-фырт. Уый фæстæ та æмбырды архайджытæн, экстремизм æмæ терроризмы фæзындтытæ фæсивæды ‘хсæн ма æруадзыныл куыд архайы, социалон хызты йын цы арфæйаг куыст бакæнын бантыст, уый тыххæй бæлвырд радзырдта политолог Янæ Амелина. Куыд загъта, афтæмæй нæм фæсарæнтæй цы галиу зонды «культурæ» бырсы, уый нæ бæстæйы фæсивæды ‘хсæн тынгдæр парахат кæны Интернеты фæрцы. Кæд фæсарæнты фæсивæды удварны хъæздыгдзинадмæ фаг æргом не здахынц, æмæ сæ кæстæртæ ахæм галиу зонды уацары уымæн бахауынц, уæд нæ бæстæйы кæстæрты удварн бахъахъхъæнынæн, сæ зонд сын рæстырдæм саразынæн ис æппæт гæнæнтæ дæр.

Янæ Амелина бæлвырд радзырдта йæ ног чиныг «Бенефис ненависти»-йы, æмæ ма ацы темæйыл цы куыстытæ кæны, уыдоны тыххæй.

Йæ раныхасы фæстæ, фембæлды архайджытæ, РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинæдты фарстыты фæдыл министр Цуциты Аслан, историон наукæты доктортæ, профессортæ Хъаныхъуаты Зæлинæ, Бзарты Руслан æмæ иннæтæ загътой сæ хъуыдытæ. Уыдон та баст уыдысты, социалон хызты æмæ æндæр информацион фæрæзтæй фæсивæд цы ардауæн информаци исынц, уымæ лæмбынæг, алы нырыккон фæрæзты фæрцы хъус дарын æмæ йын ныхкъуырд дæттынимæ.

 

ГАСАНТЫ Валери

Къам систа

КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here