Ирыстоны куырыхон æмæ дзырддзæугæ адæймæгтæй иу у Дунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы хистæрты советы сæрдар,зындгонд аразæг, фыссæг, поэт æмæ публицист Томайты Шамил. Райгуырд 1940 азы 12 мартъийы.1959 азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис бастдзинады училищæ,1964 азы та — æфсæнвæндаджы техникум, фæстæдæр фæсаууонмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Ростовы æфсæнвæндаджы транспорты институты, уыимæ ма партион скъолайы ахуыр кодта журналистикæйы дæсныйадыл дæр.
Куыста Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы механикæй,мастерæй,хистæр мастерæй, Махачкалайы æфсæнвæндаджы кусджыты партион организацийы нымæрдарæй. Ирыстонмæ ссыд 1976 азы æмæ кусынмæ бацыд «Автодор»-мæ,уырдыгæй æрвыст æрцыд «Транскам»-ы соса фæндаг аразынмæ. Ам куыста мастерæй, прорабæй, инженерæй. Йæ разамындæй конд æрцыдысты фæндаджы фыццаг цыппар километры куыстытæ. 1993 азы нысангонд æрцыд арæзтадон иугонд «Уæрæсе»-йы хицауæй. 1998 азы та ссис арæзтадон фирмæ «Эколог»-ы сæргълæууæг.
Шамил алы ран дæр йæхи равдыста тынг дæсныйæ æмæ зæрдæргъæвдæй, æххæст кодта, йæ размæ йын цы хæстæ æвæрдтой, уыдон. Кæд йæ кары бацыд, уæддæр нырма у уæнгрог æмæ архайы æхсæнадон-хъомыладон хъуыддæгты. Æниу азты кар канд царды нымæц нæу, фæлæ ма у, адæймаг иудадзыг кæдæм фæтырны, ахæм бæллиццаг æфцæг. Уыцы бæллиццаг æмæ æнæсгæрст æфцæгмæ цæрæнбонты тырныдта Томайты Шамил дæр. Æмæ ныр, йæ 80 азы æфцæгæй ракæсгæйæ, барухс йæ зæрдæ. Уымæн æмæ ссардта, цæмæ бæллыд, уыцы æвæджиауы хæзна — адæмы хорзæх. Æмæ уыцы хæзнайы фарн ирдæй зыны йе сфæлдыстады дæр. Уымæн æмæ адæймагыл цасфæнды азтæ куы рацæуы, уæддæр йæ уды хурдзаст тæмæн, йæ цардбæллондзинад ирд цырæгътау фæрухс кæнынц нæ фæндæгтæ.
Йæ цард æнцон нæ уыдис Томайты Шамилæн. Бирæ зын æмæ гуыргъахъхъ фæндæгтыл фæцыд. Дæргъвæтин рæстæг æй хъысмæт фæиппæрд кодта йæ райгуырæн Ирыстонæй. Уæлауæдзы æфсирау æй фæрахæсс-бахæсс кодта иу ранæй иннæ ранмæ. Æмæ уыцы вазыгджын уавæрты дæр Шамил баззад ирон лæгæй, йæ зæрдæ никуы сивта, йæ нана йын авдæны зарджытæ кæм кодта, уыцы уæзæгыл, йæ уарзон Ирыстоныл, йæ мадæлон æвзагыл, ирон фарныл. Уый тыххæй йæ иу æмдзæвгæ «Æцæгæлон бæстæйы»-йы фыссы:
О, мæ Ир, цæмæн риссы мæ зæрдæ?
Цæмæн кæнын æнæ дæу æз æнкъард?
О, мæ зынаргъ Райгуырæн, мæ бæстæ,
Æнæ дæу мын мæ цард нæ кæны ад.
Зары фæндаг аразын райдыдтой, Гуырдзыстоны гæрзифтонг фыдгæнджытæ Цхинвалмæ сæйраг фæндаг куы сæхгæдтой æмæ йыл ирон бæлццæтты цæуын куы нал уагътой, уæд. Уыцы рæстæг Томайты Шамил равдыста йæ диссаджы патриотон миниуджытæ, йæ национ сæрыстырдзинад, кæд куыстытæ зын æмæ вазыгджын уыдысты, кæд-иу ын Зæрæмæджы таможняйы кусджытæ йæхицæн æмæ йæ кусджытæн къуылымпыдзинæдтæ арæзтой, уæддæр йæ къухы бафтыд стыр æнтыстдзинæдтæ, уымæн æмæ уый æмбæрста «Царды фæндаджы» ахадындзинад æмæ нысаниуæг. Зары фæндаг саразын æмæ йæ бындуронæй сцалцæг кæнын сæ къухы æнтыстджынæй бафтыд Томайты Шамилы хуызæн зæрдæргъæвд патриотты æмæ курдиатджын аразджыты фæрцы.
— Томайты Шамил у æвæджиауы уæздан æмæ зæрдæхæлар адæймаг, æмгаруарзаг. Уый нæ советы уæнг куы ссис, уæдæй фæстæмæ нæ куыст бирæ фæхуыздæр, — дзуры Дзæуджыхъæуы Терчыфалейы районы «Ныхас»-ы раздæры сæрдар Тезиаты Эльбрус. — Шамил цы сыхы цæры, уым ын ис стыр кад æмæ намыс, канд сыхы нæ, фæлæ ма Ирыстоны дæр нымад у дзырддзæугæ хистæрыл. Адæймаг æй иу ран бадгæ никуы фены. Йæ уд, йæ дзæцц у искæмæн баххуыс кæнын, уæлдайдæр, цыбыркъух æмæ тыхст адæймагæн, — зæгъы Эльбрус.
Томайты Шамил уæздан æмæ æмгаруарзаг кæй у, уый æвдыст цæуы йæ уацмысты дæр. Шамил йæ иу æмдзæвгæйы йæ хæлар Хуадонты Зурабы тыххæй фыссы:
Йæ бæлас сагъд у, йæ хæдзар конд у,
Фыст у йæ чиныг. У ам æвдисæн.
Нæ фæсивæдæн хъару ‘мæ зонд у,
Кæстæр фæлтæр æй кæсдзысты дисæн.
— Æз стыр бузныг дæн Томайты Шамилæй, уый у, Хуыцауысконд кæмæй фæзæгъынц, ахæм адæймаг, хорз æмбары тыхст лæджы рис æмæ сагъæс, æмæ йæ бон куыд вæййы, афтæ алкæмæн дæр баххуыс кæны, — зæгъы Гуырдзыстонæй ралидзæг Джиоты Славик. — Шамил мын баххуыс кодта зæхх райсынæн, фæкастис мæм арæзтадон æрмæджытæй, уæдæ йæ фирмæйы кусджытæ дæр æрбалæууыдысты мæ фарсмæ æмæ мын зæрдиагæй баххуыс кодтой хæдзар аразынмæ.
Томайты Шамил цыфæнды куысты дæр уыдис хуымæтæг æмæ адæмæн уарзон. Арæх йæ хорз хъуыддæгтæ æмæ аудындзинады тыххæй газет «Рæстдзинад»-мæ арфæтæ ныффыссынц дæсгай адæймæгтæ. Зæгъæм, пенсиисæг Наниты-Остъаты Динæ ныффыста газет «Рæстдзинад»-мæ йæ диссаджы æгъдау æмæ фæзминаг миниуджыты тыххæй, уый йæ уацхъуыды фыссы:
— Нæ уæ бауырндзæн, фæлæ-иу постхæссæг газеттæ куы байуæрста, уæд-иу сыхæгтæн балæгъстæ кодтон, исчи ма мæм, зæгъын, йæ газет «Рæстдзинад» авæрæд кæсынмæ. Хæдзармæ-иу куы æрбаздæхтæн, уæд-иу мæм нæ лæг дæр хуыссæнæй йæ цæстытæ ныццавта æмæ-иу мæ бафарста: «Газет дæм ничи радта кæсынмæ?» «Рæстдзинад» æм-иу куы радтон, уæд-иу цыма йæ низæн йе ‘рдæг ахауд, афтæ-иу йæ цæсгом барухс. Ныр Томайты Шамилы фæрцы нæхæдæг исæм газет «Рæстдзинад». Уый нын æй рафыссы алы хатт дæр. Йæ цæрæнбон бирæ уæд, Хуыцау ын æнæниздзинад радтæд.
Томайты Шамил канд дæсны аразæг æмæ намысджын хистæр нæу, фæлæ ма у курдиатджын поэт дæр, йæ удæй равзæргæ уацмыстæ йын арæх ныммыхуыр кæнынц газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Стыр Ныхас». Поэт æмæ аразæг. Ис сын иу нысан, иу куыст. Сæ иу фæллой кæны поэтикон рæнхъытæй, иннæ та арæзтадон æрмæджытæй. Уыцы дыууæ миниуæгæй Хуыцау фæхайджын кодта Томайты Шамилы дæр. Уый нын нæ цард рæсугъд кæны арæзтадæй æмæ поэзийæ.
Шамилы уацхъуыдтæ æмæ очерктæ мыхуыргонд цыдысты газеттæ «Гудок», «Северная Осетия» æмæ «Рæстдзинад»-ы, журнал «Фæндаг æмæ фæндагон хæдзарад”-ы. Шамил йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй 1954 азæй фæстæмæ бастдзинад дары ирон газетимæ. Уæд-иу арæх фыста уацхъуыдтæ æмæ очерктæ. «Рæстдзинад»-ыл афтæ тынг сахуыр, æмæ-иу æй Ростовы кусгæйæ дæр рафыста. Суанг ма-иу æй Ростовы цæрæг ирон фæсивæдæн дæр байуæрста. Шамил у тынг фырнымд,йæхи фыссæг нæ хоны, йæ 75 азмæ йын йæ хæлæртты æххуысæй цы чиныг рацыд, «Кад æмæ намыс», зæгъгæ, уым дæр йæ иу æмдзæвгæйы фыссы:
Нæ дæн поэт.Фыссæг мæхи нæ хонын.
«Ирон лæг», чи зоны, æрмæст.
Стæй хъаст дæр ма ракæнут — зонын,
Æппæтæй чи вæййы æххæст.
Томайты Шамилæн ис хорз бинонтæ. Йæ цардæмбал Хъазиаты Валя у зындгонд дохтыр. Иумæ схъомыл кодтой хорз цот. Иууылдæр райстой уæлдæр ахуырад. Кусынц бæрнон бынæтты. Ис сын цоты цот дæр.
Шамил æмæ Валяйæн сæ кæстæртæ куы æрбамбырд вæййынц, уæд сæ цинæн кæрон нал вæййы.Уымæн æмæ кæстæрты амондæй æмæ адæмы фарнæй хайджын сты Томайты Шамил æмæ йæ цардæмбал Хъазиаты Валя, æмæ сæ уымæй хуыздæр хæрзиуæг нæ хъæуы.
ДЫГЪУЫЗТЫ Тенгиз,
поэт














