Адæмы уарзын хъæуы

0
283

Йæ царды фылдæр хай Дзуццаты Венерæ снывонд кодта сывæллæтты хъомылад æмæ медицинæйæн. Йæ цардвæндагмæ фæстæмæ акæсгæйæ, æнусы кары сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй  нæ аивид æндæр хуызы йæ хъысмæт,  гæнæн  ын куы уаид, уæд.

Ходы-Дзуццаты  Венерæ райгуырд Олгинскæйы 1919 азы, декабры. Уыдысты æртæ æфсымæры æмæ иу хо. Амондджын сабидуг ын уыд.  Йæ фыд Мæцыхъо куыста колхозы сæрдарæй, æмæ ницы хъуаг æййæфтой.

— Нæ мад диссаджы цагъд кодта фæндырæй. Дзырдтой, ног чындзæй йæ хиуæттæ нæ бауарзтой, асæй ныллæг кæй уыд, уымæй йæ  фаудтой. Йæ сæрыхицау та уыдис бæрзонд, рæсугъд, хæрзконд. Цалдæр боны фæстæ чындз фæндырæй куы æрцагъта, уæд хиуæтты æмæ хæстæджыты цинæн кæрон нал уыд, дис кодтой йæ  арæхстдзинадыл. Йæ хъæлдзæг зæрдæйы ахаст, стæй музыкæмæ уарзондзинад мæнмæ мæ мадæй фесты. Хъæууон скъолайы фæстæ бацыдтæн медицинон училищæмæ.

Фæлæ  райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст… Олгинскæйы хъæууон скъолайы  уыд æфсæддон госпитæл. Хъæуæй бирæ æрыгон чызджытæ æмæ сылгоймæгтæ куыстой госпитæлы. Цæф салдæтты  æххуыс хъуыд, æмæ сын сæ хъæдгæмттæ бастам, кастыстæм сæм алцæмæй.  Бирæ æрыгон сылгоймаг-фæсивæдæй уæд равзæрстой  дохтыры дæсныйад.

Хæсты рæстæг бирæ нæлгоймæгтæ нал баззад хъæуы. Мах, æгас хъæуы сылгоймæгтæ, æххуыс кодтам акъоппытæ къахынмæ, уыцы тæссаг рæстæг куыстам колхозы быдырты. Мæгуыр, æххормаг азтæ скодта, адæм кæрæдзийæн æххуыс кодтой, дих кодтой сæ цæхх-къæбæр, афтæмæйты ирвæзтысты уæззау царды алы низтæй æмæ мæлæтæй. Куысты мын-иу цы хæлц радих кодтой, уый дæр мæ сыхæгтимæ уæрстон.

Уæд иу хатт мæ мад æрæмбырд кодта згъæлст нартхоры афтид хъæдтæ æмæ сæ хъæрмхуыпп скодта. Мæ фыд æм хыл кодта, ома, быдырæй сæ кæй рахаста, уый тыххæй… Уыцы рæстæг нæ уагътой быдырæй исты хæссын.

Ме ‘фсымæрты  хистæр — Чермен каст фæци тæхджыты училищæ, знаджы ныхмæ хæцыд æмæ æбæрæгæй фесæфт. Бирæ азты фæстæ йæ ссардтам, ныгæд æрцыд Воронежы облæсты æфсымæрон ингæны. Иннæ — кæстæр æфсымæр  Хадзы-Мурат хæстæй уæлахизимæ сыздæхт цæфтæй æмæ бирæ нал ацард. Йæ риссаг хъæдгæмттæй амард.

Госпитæлы кусгæйæ, базонгæ дæн мæ цардæмбал Ходы Никъалаимæ. Хуыцауы лæварæй нын рацыд дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Фæлæ нæ цин бирæ нæ ахаста. Æртæаздзыдæй мæ лæппу Дзантемыр фæрынчын æмæ  амард  Мæ чызджытæй иуыл цыд авд азы, иннæуыл — æртæ, афтæ уыцы рæстæг мæ сæрыхицау Никъала йæ зæрдæйæ фæтыхст æмæ уый дæр  ацыд йæ рухс дунейæ. Баззадтæн дыууæ æнахъом сабиимæ сидзæргæсæй.

Куыстон рынчындоны, æхсæвыгæтты радгæсæй дæр лæууыдтæн,    сывæллæтты-иу сæхи бар ныууагътон, куы-иу фæцис æвдæлон рæстæг, уæд-иу сæм ауадтæн бæрæг кæнынмæ. Афтæмæй сæ хъомыл кодтон. Ссæдз азæй фылдæр фæкуыстон хирургийы медицинон хойæ, медакадемийы дæр бакуыстон гигиенæйы кафедрæйы. Æппæлæн ныхас мæхицæй нæ зæгъдзынæн, фæлæ фæллой кæнынæй никуы фæтарстæн, архайдтон бæстон, зæрдæйæ.

Мæ чызджытæй хистæр — Тамарæ бацыд мединститутмæ, фæсинститут æй арвыстой кусынмæ горæт Тулæмæ, кæстæр — Наташæ бацыд нæхи университеты юридикон факультетмæ, у РЦИ-Аланийы сгуыхт юрист. Ис мын дзæбæх цоты цот, сæ хуртæй бафсæдæнт сæ ныййарджытæ. Арæх мæ абæрæг кæнынц, æрхъæцмæ дæр мыл нæ хъæцынц: «Бабу, Бабу! Мах дæ бирæ уарзæм!» Бабу сæ нывонд фæуа. Куы мын цы ‘рбахæссынц, куы цы, зæрдæлхæнæнтæ…

Мах æрыгонæй хъæлдзæг уыдыстæм, цыфæнды мæгуырæй дæр кодтам бæрæгбæттæ, фæскуыст-иу кафыдыстæм, мæхæдæг уарзтон кафын, фæндырæй цæгъдын. Ныр мæ къæхтæ риссынц, æндæр ма-иу  акафин. Уый бæрц æнæниздзинад мæм нæй. Уарзын, уазджытæ нæм куы вæййы, уæд семæ абадын, фæныхас кæнын. Уыцы сахæттæ  мын вæййынц бæрæгбонау.

Ныртæккæ мæм кæсы мæ чызг Наташæ, йæ бон цы у, уымæй мæм зилы. Æрыгонæй дæр уарзтон хорз дзаума, ныр дæр уарзын рæсугъд уæлæдарæс  скæнын.

Мæ карæнмæ фæцæрын стыр амонд у… Дунесфæлдисæг Хуыцаумæ кувын æмæ мын æххуыс кæны. Мæ сæдæ азы боны  мæ бабæрæг кодтой Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр, республикæйы Хицауадæй æмæ Парламентæй дæр, стыр арфæтæ мын ракодтой.

Цæрын хъæуы адæмимæ рæстудæй, æнæхинæй, уарзонæй. Уæд амондджын уыдзынæ. Бирæ зынтæн бафæрæзтон, бирæ цæлхдурты сæрты ахызтæн æмæ уымæй дæн амондджын. Мæн æндæр хъысмæт нæ хъæуы…

 

Ныхас ныффыста

ТОХТЫ Хуанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here