Хъæлæс кæныны бон

0
507

Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ растгæнинæгтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæныны бон 338 æвзарæн участочы кусдзысты Цæгат Ирыстоны. Республикæйы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар МОРГУАТЫ Жаннæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2500 цæстдарæджы архайдзысты участокты.

«Хъæлæсгонд цæудзæн цæстдарджыты раз, æвзаргæ та сæ кæндзысты УФ-йы Æхсæнадон палатæ æмæ УФ-йы субъектты æхсæнадон палатæтæ. Хъуамæ алы участочы дæр уа 8 адæймаджы æмæ сæ цæст дарой, æвзарджытæ куыд хъæлæс кæнынц, уымæ. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд, Æхсæнадон палатæимæ æмгуыстад кæныныл чи сразы, уыцы æхсæз политикон партийы фæндæттæ бахынцгæйæ. Æппæтуæрæсеон хъæлæс кæныны бон 25 къамисы Цæгат Ирыстоны кусдзысты, граждæнтæ  рæстæгмæ кæм уыдзысты, ахæм бынæтты», — загъта Моргуаты Жаннæ.

Уымæй уæлдай ма  æргом аздæхта æмгъуыдæй раздæр хъæлæс кæныны гæнæнмæ дæр.

«Æмгъуыдæй раздæр хъæлæсгонд цæудзæн официалон хъæлæс кæныны бонæй æртæ боны раздæр æппæт участокты æвзарæн къамисты дæр. Хæдзары хъæлæс кæныныл куы дзурæм, уæд рагагъоммæ гæнæн уыдзæн уый тыххæй участокты æвзарæн къамистæн фехъусын кæнынæн æмæ æртæ боны дæргъы схъæлæс кæнæн», — загъта Центрон æвзарæн къамисы сæрдар.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм,  æртыццæджы Паддзахадон Думæ æртыккаг фæстаг бакасты сфидар кодта Конституцимæ растгæнинæгтæ бахæссыны закъон. Хорзыл нымад æрцæуæг хъæппæристæ паддзахады ныры сæргълæууæгæн бар дæттынц ног президенты æвзæрстыты архайынæн.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here