Ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл референдум — Уæрæсейы паддзахаддзинад фæахадгæдæр кæныны фæрæз

0
181

2020 азы 5 январы нæ бæстæйы Президент Владимир Путин фехъусын кодта УФ-йы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæндон. Йæ хæдуæлвæд федералон æмвæзадыл арæзт æрцыд кусæг къорд. Йæ хæс у ивддзинæдтæ бахæссынæн бæлвырд фæндæттыл бакусын. Къорды ис 75 адæймаджы: профессионалон юристтæ — закъонæвæрджытæ, сфæлдыстадон, федералон æмæ регионалон æхсæнадон организациты минæвæрттæ, динты иугæндты раздзæуджытæ æмæ æндæртæ.

УФ-йы Президенты уынаффæйыл дыууæ къуырийы куы рацыд, уæд закъоны проект хаст æрцыд УФ-йы Паддзахаон Думæмæ, æмæ йæ æртæ боны фæстæ УФ-йы Федералон æмбырды палатæ æмхъæлæсæй сфидар кодта. Афтæмæй хаст æрцыд уынаффæ уыцы ивддзинæдты фæдыл нæ бæстæйы адæмтæн хъæлæс кæныны иумæйаг бон — 22 апрел снысан кæнын. УФ-йы Конституцийы ивддзинæдттимæ баст хъуыддæгтæ фидаргонд æрцыдысты мæй æмæ æхсæз бонмæ. Уыцы æмгъуыд дзурæг у йæ вазыгджындзинадыл.

Паддзахады Сæйраг закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссынмæ æнхъæлмæ кастысты канд политикон элитæйы минæвæрттæ нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы цæрджытæ дæр (уæлдайдæр та политикон æгъдауæй ахуыргонд чи у, уыцы адæм). Афтæ кæй у, уый та æвдисынц 2020 азы 3 февралы æрфарсты бæрæггæнæнтæ. Уыдонæй бæрæг у, Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарс кæй рахæцыдысты æмæ сæ вазыгджыныл кæй нымайынц нæ бæстæйы цæрджытæн сæ 80 проценты.

Ныр та сæрмагондæй зæгъдзыстæм Конституцийы ивддзинæдтæ æмæ баххæстгæнинæгты тыххæй. Уæрæсейæн æмæ дунеон æхсæнадæн æнæмæнг ахсджиаг сты УФ-йы дунеон барад сфидар кæныны уагæвæрдтæ. Афтæмæй уыдон царды уагъд цæуынц, не ‘мбæстæгты бартæ æмæ сæрибартæ къахыргонд кæм нæ цæуынц, Конституцийы уыцы хайы. Уый та у вазыгджын барадон къахдзæф, уæлдайдæр дунеон барады, цæмæй «адæймаджы бартæ» ма суой национ паддзахæдтæн сæ хæдбардзинад фехалыны хæцæнгарз. Уæдмæ уал нæ бæстæйы сæ тыхы сты дунеон бадзырдты нормæтæ.

Нæ бæстæ Владимир Путины разамындæй сси, æцæгæйдæр, национ суверенитеты ‘рдыгæй хæдбар. Уыцы барастгæнинаг та уæлдай ахсджиаг у Хуссар Ирыстоны дунеон-барадон контексты. Хъуыддаг зындгонд у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, куыд Гуырдзыстоны фарс хæцæг дунеон институтты политикæ, уый та у, Хуссар Ирыстоны цæрджыты ныхмæ цы митæ кодтой, уыдоны фарсхæцæг. Дунеон тæрхондæттæ æмæ адæмыхæттытыл тыхгæнæг институттæ та кæддæриддæр сæ архайд арæзтой Уæрæсе æмæ ирон адæмы ныхмæ.

Уыцы хуызы ма хъус æрдарын æмбæлы къорд баххæст кæнинагмæ дæр. Уырдæм хауы бæстæйы Президенты бынатмæ кандидаты домæнтæ фæкарздæр кæнын. Уырдæм чи цæуы, уый хъуамæ Уæрæсейы цæра æппынкъаддæр 25 азы æмæ ма уа фæсарæйнаг æмбæстаг. Йæ кар хъуамæ уа 35 азы. 10 азы хъуамæ уыцы-иу рæстæг, æнæ йæ бынат аивгæйæ, цæра Уæрæсейы.

Рæстæг ма æрцыд Паддзахадон советты статусмæ ивддзинæдтæ бахæссынæн æмæ губернаторты позицитæ фæтыхджындæр кæнынæн дæр. Фæстаг рæстæг регионты сæргълæуджыты институт тыхджындæр кæнын райдыдта, хицаудзинады оргæнтæм æрыгон курдиатджын адæм кæй цæуынц, уый тыххæй. Президент ма бахаста фæндон, цæмæй губернаторы хъуыдымæ æргом здæхт æрцæуа, федералон æмвæзадыл уынаффæтæ хæсгæйæ.

Иннæ позици та у Парламенты ахадындзинадимæ баст. Йæ архайдмæ дæр хъуамæ хаст æрцæуа бындурон ивддзинæдтæ. Нырæй фæстæмæ Хицауады Сæрдары кандидатурæ хъуамæ фидар кæна Паддзахадон Думæ. Ууыл та хъуамæ Президент æнæмæнгæй сразы уа. Уыцы хуызы ма Паддзахадон Думæйы депутаттæ архайдзысты Хицауады уæнгты фидар кæныны хъуыддаджы. Владимир Путины фæрцы Паддзахаон Думæйы депутатты архайд фæахадгæдæр, алы хуызы хылтæ дзы нал цæуы, фæтыхджындæр сты коррупцийы ныхмæ  закъонтæ дæр.

Нырмæ куыд уыд, афтæ амæй фæстæмæ дæр Президентæн йæ бон уыдзæн, се ууæнк бæстæйы разамонæджы раз кæй фесæфтой, уый тыххæй Хицауады Сæрдары кæнæ федералон министры йæ бынатæй суæгъд кæнын. Афтæмæй Уæрæсе баззад, Президент разамонæг кæм у, ахæм республикæйæ.

Æнæзæгъгæ нæй УФ-йы Конституцийы социалон зæрдæдарæнты тыххæй дæр. Фæллойадон мызды бæрц хъуамæ ма уа цæрыны фаг мыздæй къаддæр. Уыцы уагæвæрд дæр хъуамæ хаст æрцæуа Конституцимæ. Йæ фæрцы Хицауад сæудæджер нæ кæндзæн экономикон рахæцæнтæй.

Иннæ æнæмæнг хъæугæ позици та у Конституцион тæрхондоны архайд фæвазыгджындæр кæнын. Хицауад цы уынаффæтæ рахæсса, уыдон бæрæггонд цæудзысты, Президенты куырдиатмæ гæсгæ Конституцийæн дзуапп дæттынц æви нæ, уымæй.

Нырæй фæстæмæ УФ-йы Федерацийы Советы уæнгтæн сæ бон уыдзæн Президенты барлæвæрдæй, Уæрæсейы Конституцион æмæ Уæлдæр тæрхондæтты тæрхонгæнджыты сæ куыстæй исын, адæймаджы цæсгом кæй фæчъизи кодтой, уый аххосæй. Ахæм уаг та фæхуыздæр кæндзæн Уæрæсейы политикон системæ. Арæх æрцæуы ахæм цаутæ дæр, тæрхоны хицаудзинады минæвæрттæ, сæ бæрнон бынæттæй пайда кæнгæйæ, рацæуынц закъоны ныхмæ æмæ хин митæ фæкæнынц.

Политикон уаг фæхуыздæр кæныны тыххæй ма Конституцимæ хаст æрцæудзæн ивддзинад. Уый нæ дæтдзæн бæстæйы Президентæн йæ бынаты дыууæ æмгъуыдæй фылдæр фæуыны бар. Раздæр та уыцы уагæвæрды загъд уыд: «Фæд-фæдыл дыууæ æмгъуыдæй фылдæр нæ». Ахæм хуызы закъон Владимир Путинæн йæхицæн Президенты бынаты уæвыны бар радта æртыккаг хатт 2012 æмæ цыппæрæм — 2018 азты.

Нæ бæстæйы цæрджытæ ацы ивддзинæдтыл куы схъæлæс кæной, уæд фæахадгæдæр уыдзæн нæ бæстæйы политикон системæ. Уыимæ, регионтæ сæ позицитæ фæфидардæр кæндзысты, сæ сæргълæуджытæ та сæ хæстæ хуыздæр зондзысты æмæ сæм бæрнондæр цæстæй кæсдзысты. Иумæйагæй Конституцимæ хаст ивддзинæдтæ хуыздæрæрдæм сахаддзысты бæстæйы социалон, экономикон æмæ политикон уавæрыл.

 

АТАЙТЫ Артур,

политикон наукæты кандидат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here