Хъæбатырæн мæлæт нæй

0
459

Алагиры Хетæгкаты Къостайы уынджы цы æфсымæрон ингæн ис, уый афæдзы кæцыфæнды афон дæр нæ цух кæны сырх-сырхид дидинджытæй. Урссæр нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ арæх рухсаг зæгъынæй ссарынц кæстæр лейтенант Петр Гужвины ном. 1942 азы 21 ноябры Алагиры хуссарныгуылæн хайы цы хъæбатырдзинад равдыста, уый никуы ферох уыдзæн районы цæрджытæй.

Хъыгагæн, Петр Гужвины сгуыхтдзинады тыххæй бирæтæ ницы зыдтой дæргъвæтин рæстæг. 1966 азы дæлбулкъон А.Х.Шаххатунян, Фæскавказы æфсæддон зылды штабы службæ кæнгæйæ, архивы ссардта, хъæбатыры тыххæй адæймаг дис кæуыл бакæндзæн, ахæм цымыдисаг æрмæджытæ. Куыд радзырдта, афтæмæй Петр Кузьмайы фырт Гужвин райгуырд 1919 азы Астраханы облæсты Сосновкæйы хъæуы. Сидзæр лæппу раджы æрлæууыд фæллойы фæндагыл. Йæ мадимæ колхозон быдырты зайын кодтой хор æмæ халсарты хъæздыг тыллæг. Фæстæдæр æрыгон хоргуыстгæнæг æрвыст æрцыд механизаторты курсытæм. Афæдзы фæстæ райста трактористы дæсныйад æмæ 1939 азы ссæдзаздзыд фæскомцæдисонмæ фæсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Фæскавказы службæ кæнгæйæ, хæстон æмæ политикон ахуырты йæхи равдыста фæзминагæй. Фæзындысты йын хорз æмбæлттæ. Хъæлдзæг сæ кодта цыргъ ныхæстæ æмæ цардæй ист хабæрттæй. 1940 азы сæрды æрыгон сырхæфсæддон æрвыст æрцыд Ленкораны арæнхъахъхъæнæг къордмæ. Снысан æй кодтой кæстæр командирæй.

Советон Цæдисы арæнтыл гуыдыр æвæрд ис, зæгъгæ, ахæм ныхæстæ уæды рæстæджы арæх фехъусæн уыд. Æцæгдæр, Гужвин æмæ йе ‘мбæлттæ уыдысты цырддзаст æмæ къæрцхъус. Цы арæны хай сæм хауд, ууыл фыдгæнæг нæдæр сыхæгтæм, нæдæр махырдæм æрбаирвæзт. Арæнхъахъхъæнджытæ-иу арæх семæ бацыдысты хъæбысхæсты. Ахæм рæстæг-иу Гужвинæн йæ цæстытыл раздæр ауадысты йæ мад, йæ чысыл чызг æмæ йæ цардæмбал. Уыдоны сæрибардзинады тыххæй цæттæ уыд йæ цард раттынмæ.

Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Фронт домдта арæхстджын, æхсæнгарзæй хорз архайæг сырхæфсæддонты. Петр Гужвин æмæ йе ‘мбæлттæ æрвыст æрцыдысты Керчы æрдæгсакъадах хъахъхъæнынмæ. Кæстæр командир фыццаг хатт ам æрлæууыд фыдгулы ныхмæ. Банкъардта командиры бæрнондзинад. Иу ныббырст ивта иннæйы. Къорд хатты архайдта джебогъæй хæстыты дæр. Ам, Керчы æрдæгсакъадахы, банкъардта уæлахизы ад æмæ фæхæрдыйы маст. Базыдта, знаг тыхджын æмæ æгъатыр кæй у, уый.

Немыцаг фашисттæм æнæуынондзинад Гужвинæн йæ тыхыл тых æфтыдта, кодта йæ разæнгарддæр. Карз хæстыты бирæ фæхъуыд йе ‘фсæддон хайы рæнхъытæй. Æрвыст æрцыд ног тыхтæ райсынмæ. Кæстæр командирæн бабар кодтой æрыгон сырхæфсæддонты къорд. Ахуыр сæ кодта тактикæйыл. Фылдæр хатт сын-иу дзырдта: «Знагæй тæрсгæйæ, атакæйы цæуæн нæй. Иугæр акъоппæй схызтæ, дæ хъарутæ баиу кæн, уæндонæй размæ азгъор æмæ фыдгулыл автомат аскъæр». Дæнцæгтæ та хаста йæ хæстон фæлтæрддзинадæй. Æргом сын дзырдта, Керчы æрдæгсакъадахы цы хъизæмæрттæ федта, уыдоны тыххæй.

Сержант Петр Гужвин тырныдта фронтмæ. Иу рапорт фыста иннæйы фæстæ. Фæлæ хæцæг æфсады канд хъæбатыр сырхæфсæддонтæ нæ хъуыдысты. Уый хъуыд ахуыргонд командиртæ дæр æмæ йæ командæгæнынад æфсæддон училищæмæ куы ‘рвыста, уæд дыууæ нæ загъта.

Уæды рæстæджы æнцон нæ уыд ахуыр кæнын дæр. Райсомæй суанг изæрдалынгтæм цыдысты тактикон æмæ хæцæнгарзæй æхсыны уроктæ. Чысыл улæфты фæстæ лекцитæ, беседæтæ, политикон ахуыртæ. Бонцухæй та — «фæдистæ». Æхсæз мæйы фæстæ Петр Гужвин каст фæци Бакуйы фистæгæфсæддон училищæ. Лæвæрд ын æрцыд кæстæр лейтенанты цин. Командæгæнынад æй арвыста Фæскавказы фронтмæ. Æфсæддон хайы йæ снысан кодтой командирæй. Йæ дæлбар уыдысты æрыгон, фæлæ хæсты чи фæци, ахæм сырхæфсæддонтæ. Цыбыр рæстæджы фæстæ полкъ 351-æм дивизийы æфсæддон хæйттимæ карз хæстыты бацыд знаджы ныхмæ Алагиры хуссар-ныгуылæн хайы.

1942 азы 21 ноябры Гужвины взводæн бахæс кодтой Црауы комы поселок Æхсæзæм километрмæ хæстæг тактикон æгъдауæй ахсджиаг обау байсын. Знаг сырхæфсæддонты акъахдзæф кæнын дæр нæ уагъта. Ноджы ма мит кæй уарыд, уый тыххæй зындæр уыд размæ бырсын.

Хъæбатыр сырхæфсæддонтæ обаумæ куы баввахс сты, уæд сыл немыцаг фашисттæ æппæт хæцæнгæрзтæй дæр ралæууыдысты. Сæр схъил кæнæн нæ уыд пулеметы цæхæрæй. Нæмгуытæ ихуарæгау кодтой сырхæфсæддонтыл æмæ размæбырст фæсыкк ис.

Кæстæр лейтенант æмбæрста, знагæн улæфыны рæстæг куы радтой, уæд фыддæр уыдзæн. Сфæнд кодта æвæстиатæй знаджы пулемет срæмудзын æмæ йæ гуыбыныл бырын райдыдта немыцæгты «артæндзарæнмæ». Дæс метры ма йæм куы хъуыд, уæд ыл гранатты баст фехста. Пулемет хъыпп-сыпп нал скодта. Кæстæр лейтенант ногæй атакæмæ фæсидт йæ дæлбартæм. Дæс-ссæдз метры азгъордтой, афтæ та æндæр ранæй знаджы æндæр пулемет æхсын райдыдта. Взвод та æрхуыссыд.

Ралæууыд тæккæ карз рæстæг. Тæссаг уыд, немыцæгтæ сырхæфсæддонты куы ныццæгъдой, уымæй. Цыфæндыйæ дæр срæмудзын хъæуы знаджы пулемет. Фæлæ куыдæй? Командирмæ гранаттæ нал баззад. Гужвин рæвдз фестад, азгъордта æмæ пулеметыл йæхи баппæрста. Афтæ йæ кусынæй банцад 23-аздзыд советон афицеры зæрдæ.

Взвод æмгуыппæй сыстад æмæ абырста размæ. Цыбыр рæстæгмæ уæлахизы сырх тырыса сагъд æрцыд обауыл. Æнæмæлгæ хъæбатырдзинад айхъуыст æппæт фронтыл. Не ‘фсæддон хæйтты Зилахары къорды командир, булкъон Бобраков, инæлар-майор Сергацков æмæ Фæскавказаг фронтæн командæгæнæг, æфсады инæлар Тюленев Петр Гужвины бавдыстой Советон Цæдисы Хъæбатыры ном ын радтынмæ. Мæнæ цалдæр ныхасы, хорзæхгæнæн сыфы цы загъд ис, уымæй:

«21 ноябры 1942 азы, æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, архайдта хъæбатырæй. Взводы хæстонты разæй абырсгæйæ, уый гранаттæ æмæ автоматæй ныппырх кодта знаджы пулеметтæй æхсджыты. Хъæбатыры къухæй сæ мæлæт ссардтой дæс румынаджы «.

Ацы карз хæстытыл кæд 78 азы рацыд, уæддæр алагирæгтæ нæ рох кæнынц, сæ фидæныл йæ рæзгæ цард чи радта, уый. Петр Гужвин æнæмæлгæ хъæбатырдзинад кæм равдыста, уым æвæрд æрцыд зæрдылдарæн нысан, йæ бюст ис раздæры ногдзауты лагеры кæрты. Алы хатт дæр Хъæбатыры кадæн районы вæййы спортивон ерыстæ.  Горæты уынгтæй иу хæссы йæ ном.

ТОХСЫРТЫ Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here