Цæгат Ирыстоны фарон хицæн адæймæгтæ цы цæрæнуæттæ сарæзтой, уыдоны бæрц 2018 азимæ абаргæйæ, 40 проценты фылдæр фæцис. Ацы азы январы та рæзт рауад 55 проценты бæрц. Республикæйы фæстаг фондз азы зынгæ фæфылдæр бирæуæладзыгон хæдзæртты арæзтад. Æппæт уыцы бæрæггæнæнтыл РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн ныхас рауадис компани «Дом.РФ»-ы генералон директор Виталий МУТКОИМÆ фембæлды.
Ныхасы рæстæг куыд бафиппайдтой, афтæмæй компани æмæ республикæйы разамынды ‘хсæн паддзахадон цæрæнуатон политикæ æххæст кæныны ис хорз, фидар æмгуыстад. Стыр æргом здахынц федералон æнæзмæлгæ исбоны объекттæй, ипотекон программæтæ æмæ æндæр авналæнтæй пайда кæнынмæ, цæрæнуæттæ хаццоны дæттыны базарад аккаг æмвæзадмæ сисынмæ. Фембæлды рæстæг бафыстæуыд æмгуыстады цыппарвæрсыг бадзырд: компани «Дом.РФ», банк «Дом.РФ», фонд «Дом.РФ» æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады ‘хсæн.
Виталий Мутко куыд бацамыдта, афтæмæй ацы документы руаджы компанийы æппæт нысантыл Цæгат Ирыстонимæ хуыздæр æмæ рæвдздæр архайдзысты. «Фæнды нæ, цæмæй уын фæахъаз уæм цæрæнуæттæ æнцондæр уагыл аразыны, цы исбон, цы зæххытæй пайдагонд нæ цæуы, уыдон архайды зилдухмæ бахæссыны, проекттæн финанстæ дих кæныны хъуыддæгты. Куыд баныхас кодтам, афтæмæй социалон къабазы кусджытæн ипотекæйы бындурыл æфстæуттæ дæттыны программæтæ царды уадздзыстæм. Республикæйы разамынд та сын ипотекæйы ныхмæ субсидитæ дæттыны тыххæй уынаффæ рахæсдзæн. Æрдзырдтам ма æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл, баст сты бюджеты кусджыты цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл», — загъта компанийы генералон директор.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Дом.РФ» цæттæ у горæты алфамбылайы рæзтæн æппæтвæрсыг æххуыс бакæнынмæ. Фонд «Дом.РФ»-имæ бакуыстой цалдæр проектыл, баст сты æхсæнадон бынæттæ æмæ горæты алфамбылайтæ саив кæнынимæ. Битарты Вячеслав куыд бацамыдта, афтæмæй нæ республикæйы Хицауад архайы национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты алфамбылай» царды рауадзыныл. Ацы компаниимæ æмгуыстад та нын тынг ахъаз фæуыдзæн, «Дом.РФ» у цæрæнуæттæ аразыны рæзты программæты оператор. Нæ æмгуыстад дарддæр дæр кæй рæздзæн, ууыл нæ зæрдæ дарæм», — загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.












