РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав архайдта Алагиры районы Црауы хъæуы дыргътæ æфснайæн байгом кæныны хъуыддаджы. Зындгонд куыд у, афтæмæй куыстуат «Владка» инвестицион проекты руаджы бавнæлдта тагъдрæзгæ дыргъцæхæрадæттæн бындур сæвæрынмæ.
Цы дыргътæ æфснайæн сарæзтой, уым бавæрæн уыдзæн 2500 тоннæйы, бæлæстæ та сагъд æрцыд 122 гектары. Æфснайæн бæстыхайыл ма чи бафтдзæн, уый та ацы азы кæронмæ сцæттæ уыдзæн, йæ авналæнтæ ам уыдзысты 2500 тоннæйы. Районы æмæ Црауы цæрджыты ногдзинадыл бацин кæнынмæ ма æрбацыдысты экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег, хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег, Алагиры районы разамонæг Бутаты Арсен.
Битарты Вячеслав зæрдиаг арфæ ракодта куыстуат «Владка»-йы генералон директор Владимир Печеныйæн, стæй, уыцы ахсджиаг хъуыддагыл чи бацархайдта, уыдонæн. Инвестицион проекты сæйраг хай æххæстгонд кæй æрцыди, уый банымайæн ис размæкъахдзæфыл. «Стыр куыст бакодтат, тыллæг бафснайынæн сарæзтат иттæг хорз фадæттæ. Абон нæ республикæ у халсартæ æмæ дыргътæ æфснайæнтæ хъуаг, æмæ мах ахæм хъуыддæгтæн кæддæриддæр уыдзыстæм æххуысгæнæг», — зæрдæ сын бавæрдта республикæйы Сæргълæууæг.
Куыд ма загъта, афтæмæй ахæм къахдзæфтæ хъæууон хæдзарад сисдзысты ног æмвæзадмæ, æмæ республикæйы хойраджы æдасдзинад кæндзæн фидардæр.
Владимир Печеный бузныг загъта республикæйы разамындæн, комкоммæ Битарты Вячеславæн, инвестицион авналæнтæ зынгæ кæй фæхуыздæр кодтой, уымæй хъуыддаджылæуд адæмæн ахæм æмæ æндæр вазыгджын проекттæ царды уадзын фенцондæр. Кадджын уавæры дыргътæ æфснайæн байгом кæныны фæстæ уазджытæ æмæ фысымтæ федтой уавæртæ. Ныр дæр дзы æвæрд сты, фарон цы дыргътæ æрæмбырд кодтой, уыдон.
«Владка»-йы разамонæг уазджытæн радзырдта сæ куыстуаты, стæй сæ размæ цавæр нысантæ ис, уыдоны тыххæй. Фæткъуытæ æфснайынæн пайда кæнынц нырыккон италиаг технологийæ, уымæн Уæрæсейы æмбал нæй. Афтæмæй дыргътæн сæ хæрзхъæддзинад æвзæрдæр нæ кæны, 10-11 мæйы уым æфснайд вæййынц. Сæйрагдæр та у, æппындæр химикаттæй кæй нæ пайда кæнынц, уый. Ацы ран скодтой 40 кусæн бынаты, апрелæй ноябрмæ та ма бынæттон 100 цæрæгмæ фæдзурынц, цæмæй рæстæгмæйы куыстытæ бакæной. Уый хорз ахъаз фæвæййы црайуæгтæн æмæ хæстæгдæр хъæуты цæрджытæн.
Сæ тыллæг балхæнæн ис Цæгат Ирыстоны базарады, тыллæджы иу хай ма арвитынц Дард Скæсæнмæ, Сыбырмæ, Уралмæ. Афæззæг сæ зæрды ныссадзын ис алагираг кæрдойы («Сен-Жермен») талатæ 15 гектары.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ












