Йæ хъæбатырдзинад — фæлтæртæн фæзминаг

0
400

115 азы æххæст кæны авиацийы инæлар-майор, Советон Цæдисы Хъæбатыр Дзусаты Ибрагимы райгуырдыл. Уый фæдыл Ветеранты республикон хæдзары уыд йæ номарæн изæр. Йæ райдайыны размæ уал  Ветеранты республикон советы æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамынд, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ, Ибрагимы хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, скъоладзаутæ Ирон аргъуаны кæрты йæ  ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Уый фæстæ Ветеранты республикон советы залы райдыдта  йæ номарæн æмбырд.

Цыбыр раныхасæй йæ байгом кодта  Советы сæрдар Къаболаты Солтан æмæ  радзырдта, инæлары  номимæ баст нæ горæты æмæ нæ республикæйы цы зæрдылдарæн бынæттæ ис, уыдоны тыххæй. Уый фæстæ Ибрагимы ном ссардтой иучысыл æдзæмæй алæугæйæ.  Æмбырды  архайджытæ æмæ уазджытæ бакастысты Ибрагимы   цард æмæ хæстон сгуыхтыты тыххæй цыбыр, фæлæ мидисджын кинонывмæ. Сарæзтой йæ Гæздæнты Гайтойы номыл республикон фæсивæдон библиотекæйы кусджытæ. Уый фæстæ инæлары хæстон фæндæгтыл æмæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг знæгты ныхмæ куыд хæцыди,  йæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæй йæ хæстон  æмбæлтты куыд хайджын кодта, стæй сабыр дуджы   нæ бæстæйы  авиацийæн  цы хæрзты бацыд, ууыл уыд сæ ныхас  Ветеранты республикон советы сæрдары фыццаг хæдивæг Бедойты Русланæн æмæ УФ-йы авиацийæн, æфсадæн æмæ флотæн барвæндонæй æххуысгæнæг æппæтуæрæсеон организацийы республикон хайады  аэроклубы (уый дæр хæссы Ибрагимы ном)  хицау Цæруаты Аслæнбегæн.

Дзусаты Ибрагим канд æфсæддон æмæ граждайнаг авиацийы сгуыхт лæг нæ уыд, фæлæ ма уыд æцæг ирон лæг дæр. Уарзта  кæстæрты, амыдта сын царды раст фæндаг, узæлыд йæ хæстæджытæ æмæ хиуæттыл. Ахæмæй йæ кæй бахъуыды кодта æмæ йын  стыр аргъ кæй кæны, уый бæрæг уыд Ибрагимы хойы лæппу Фидараты Хъазыбеджы мысинæгтæй.

Дзусы-фырт райгуырд æмæ схъомыл Заманхъулы. Йæ хъæубæстæн цы кад æмæ аргъ кодта, йæ цæрджытæ йæ куыд мысынц, куыд ын аргъ кæнынц, уый тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта æфсæддон службæйы ветеран, заманхъуйлаг Айлараты Зауырбег.

Уыдонæй уæлдай ма Ибрагимы  тыххæй сæ мысинæгтæ радзырдтой æмæ йæ номарæн æмбырды архайджытæн æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой техникон наукæты кандидат, историк Гериты Петр, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг  Еналдыты Хъазыбег æмæ Дзæуджыхъæуы Дзусаты Ибрагимы номыл 46-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Габеты Алетæ. Уый куыд загъта, афтæмæй  инæлары номыл Уæлахизы бонмæ скъолайы кæддæриддæр арæзт æрцæуы акцитæ, фембæлдтытæ,

Номкадгæнæн æмбырды архайджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ сæ аивадæй барухс кодтой Ветеранты республикон хæдзары зарæггæнджыты къорды уæнгтæ.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here