Фæлварæн фæстæдæрмæ аргъæвдзысты

0
483

Коронавирусы ныхмæ тохы фæдыл Уæрæсейы Хицауады цæстдарæг советы æмбырды ныхас кæнгæйæ, вице-премьер Татьянæ ГОЛИКОВА куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз Иумæйаг паддзахадон фæлварæн æмгъуыдæй раздæр райдайыны афон фæстæдæрмæ аргъæвдзысты.

— Иумæйаг паддзахадон фæлварæн радтынмæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм  бацæуынмæ чи хъавы, уыцы адæмы нæ фæкъуылымпы кæндзысты фæлварæны фæткмæ хаст ивддзинæдтæ, — загъта Татьянæ Голикова.

Ацы аз Иумæйаг паддзахадон фæлварæны æмгъуыдæй раздæр афон хъуамæ райдыдтаид 20 мартъийы æмæ фæуыдаид 13 апрелы. Пъланмæ гæсгæ, фæлварæны сæйраг афон цæудзæн 25 майæ 29 июны онг.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here