Горæты историон-архитектурон фæлгонц

0
353

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг ФÆРНИАТЫ Тамерлан фембæлд горæты амалхъомтимæ. Хъуыддаджы ныхасмæ æрбацыдысты, Кировы уынджы цы коммерцион кусæндæттæ ис, уыдоны хицæуттæ.

Рæгъмæ рахастой æппæт бæстыхæйтты раззаг къултæ æмхуызон архитектурон хуызмæ раивыны фарст. Фæрнийы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй иу амалхъомы æххуысæй архитектортæ бацæттæ кодтой горæты сæйраг хайы дизайн-проект. Автортæ хъуыддæгтæ кодтой Дзæуджыхъæуы рагон къамтæм гæсгæ, сæйрагдæр бахъавыдысты уынгтæн сæ историон бакаст раздахынмæ.

Коммерцион кусæндæтты хицæуттæн уыдис алы бæстыхайы эскизмæ дæр хицæнæй æркæсыны фадат. Раздæр уал ацы проект бавдыстой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Архитектурæ æмæ горæттæ аразæн комитетмæ. «Не ‘ппæты дæр фæнды, цæмæй нæ горæт ноджы рæсугъддæр фæуа. Мæнмæ гæсгæ, сымах дæр уыимæ сразы уыдзыстут. Уый нæ иумæйаг уынаффæ куы уаид, уый мæ фæнды. Фарон уæ бирæтимæ  фембæлд республикæйы Сæргълæууæг. Уæд цæттæ уыдыстут ацы ахсджиаг хъуыддаджы бацархайынмæ», — бафиппайдта Фæрниаты Тамерлан.

Горæты администрацийы сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй цæттæ сты цалцæггæнæн куыстыты баххуыс кæнынмæ. Рахизфарсы районы префектурæйæн бабар кодтой амалхъомтимæ æмгуыстад, цæмæй Кировы уынджы коммерцион бæстыхæйтты хицæуттæм æппæт æмбæлгæ хабæрттæ дæр хæццæ кæной.

 

Дзæуджыхъæуы

администрацийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here