Хæсты сывæллæтты фæлтæрмæ хауы беслæйнаг БАЗРАТЫ Изетæ. Уый райгуырд 1930 азы Фарныхъæуы. Рæстудæй фæцард адæмы ‘хсæн, йæ зын цæрдтытæ арæх æрхъуыды кæны æмæ сæ фæдзуры кæстæртæн.
— Хæст куы райдыдта, уæд нæ хъæуы куыстхъом нæлгойæмаг нал баззадис, — зæгъы Изетæ. — Иууылдæр фæцыдысты хæсты быдырмæ. Колхозы æппæт куыстытæ дæр сæхимæ райстой сылгоймæгтæ. Фæлæ адæм нæ фаг кодта. Иу бон нæм скъоламæ æрбацыд районы хицауадæй æрвыст лæг, æмæ хистæр скъоладзаутæн загъта:
— Уавæр тынг уæззау у. Кæмæн уæ у йæ бон колхозæн баххуыс кæнын?
Цыппар чызгæй нæ къухтæ сдардтам. Æмæ уыцы бонæй фæстæмæ балæууыдыстæм хистæрты фарсмæ. Нартхоры хуымтæ суанг зымæгмæ æнæфснайдæй баззадысты. Хæцъил дзабырты, миты цыдыстæм уыцы даргъ нартхоры рæнхъыты æмæ нæ чыргъæдтæ дзаг кодтам. Дзуццаты Райсæ нын уыди хыгъдхæссæг. Махæн тæригъæд кæнгæйæ-иу арт скодта, æмæ-иу нæхи бахъарм кодтам.
Колхозы бакуыстон, 23 азы та — бетонæй шпъалытæ кæм кодтой, уыцы заводы. Уазал æмæ зын уавæрты куыстытæ сæ фæд ныууагътой ме ‘нæниздзинадыл. Цот мын нал рацыд. Абон цæрын Беслæны, хорз сыхбæстæ мын ис, бузныг сæ дæн.
Бирæ зындзинæдтæ федта мæ фæлтæр, фæлæ адæм кæрæдзийы уарзтой, кæрæдзийæн æххуыс кодтой, фæллой кæнынмæ тырныдтой. Фæнды мæ зæгъын æрыгæттæн: махæй амондджындæр ут, уæ кæрæдзийы уарзут æмæ иу гыццыл зындзинæдтæн фæразут. Немыцаг лæгмартыл чи фæуæлахиз, уыдоны ма рох кæнут. Нæ фыдæлтæй нæм цы рæсугъд æгъдæуттæ баззад, уыдон ма фесафут.












