Ныффыссут нæм Дебойы тыххæй

0
410

Ацы къам нæм Мæскуыйæ сæрвыста не ‘хсæнадон уацхæссæг Ходы Тамерлан. Уый фыссы: «Къамы ис Икъаты Дебо, йæ хæрзиуджытæй фыццаг у Георгийы орден. Уый лæвæрдтой æрмæстдæр афицертæн. Дыккаг у Георгийы майдан бантимæ. Уыцы хæрзиуæг та амоны,  цыппар майданæй ма хорзæхджын кæй уыдис, уый. Ацы хæрзиуджытæм гæсгæ, ныртæккæйы заманимæ абаргæйæ, Икъаты Дебо уыди дыууæ хатты Хъæбатыр. Йæ къам ма йын газеты рауадзут, æмæ уæм кæд йæхиуæттæй исчи ныффыссид Дебойы царды хабæрттæ, кæм æмæ куыд службæ кодта. Уыдæттæ тынг агуры нæ зындгонд нывгæнæг Лотиты Игор. Йæ портрет скæнын æй фæнды. Фæлæ кæм службæ кодта, уый нæ зоны».

Уæ хорзæхæй, ныффыссæнт нæм, Дебойы чи зыдта, уыцы хиуæттæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here