Хъæбатыры ном зæрдылдарынæн

0
483

Беслæны бæллæхæй, сывæллæтты æмæ сæ ныййарджыты чи ирвæзын кодта, уыдонæй иу уыд майор Вячеслав Маляров. Смоленскы физкультурæ, спорт æмæ туризмы академийы уый ахуыр кодта 1986-1992 азты, æмæ йын йæ номыл, цыппæрæмы академийы къулыл бакодтой мемориалон фæйнæг. Хъæбатыры ном сæнусон кæныны хъæппæрис равдыстой йе ‘мслужбæгæнджытæ. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты паддзахадон æдасдзинады оргæнты ветерантæ æмæ академийы разамынд.

Мемориалон фæйнæг, кадджын уавæры байгом кæныны архайдтой Смоленскы облæсты вице-губернатор Константин Никонов, æдасдзинады федералон службæйы управленийы хицау Сергей Щелоков, Беслæны бæллæхæй адæмы ирвæзын кæныны  операцийы архайджытæ, сæрмагонд дæлхайад «Альфæ»-йы ветеранты ассоциацийы разамонджытæ, Вячеслав Маляровы мад, йæ идæдз æмæ хо, регионы æхсæнадон организациты минæвæрттæ, спортакадемийы студенттæ.

Вячеслав Маляров райгуырд Смоленскы облæсты 1969 азы. 1986 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Смоленскы физкультурæйы паддзахадон институтмæ. Фыццаг курсы фæстæ хæдбарæй ацыд æфсæддон службæмæ, архайдта уæлдæфон-десантон æфсæдты, сгарæг ротæйы, Афганистаны хæсты. Уым райста æртæ майданы, уыдонимæ майдан «Æхсардзинады тыххæй». 1992 азы уæлдæр скъола каст фæуыны фæстæ йæ цард сбаста гæрзифтонг тыхтимæ. 1996 азæй фæстæмæ службæ кодта æдасдзинады федералон службæ «Альфæ»-йы сæрмагонд дæлхайады. Иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд сæрмагонд командировкæты Цæгат Кавказы. 2002 азы архайдта Дубровкæйы Театралон центрæй адæмы суæгъд кæныны операцийы. Беслæны скъола 2004 азы 3 сентябры куы уæгъд кодтой, уæд йæ цæф æмбалы рахаста фыдгæнджыты нæмгуыты цæхæрæй, уæззау цæф фæцис, афтæмæй ма фæцæф кодта цалдæр фыдгæнæджы æмæ сæ къуыммæ батардта.

Уæззау цæфæй ма Вячеславы госпитæлмæ фæхæццæ кодтой, фæлæ йын дохтырты бон ницыуал баци. Хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йын йæ мæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» IV къæпхæны орден.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here