Алыккаты Ларисæ Олгинскæйы Культурæйы хæдзары директорæй иу æмæ дыууæ азы нæ кусы. Фæлæ Уырызмæджы чызг фæндырдзæгъдæг, науæд зарæггæнæг у, зæгъгæ, нæ фехъуыстон. Æцæг адæмон театры æнтыстджынæй архайы. Цы фæлгонцтæ дзы сарæзта, уыдонæй иу дæр ферохгæнæн нæй.
Олгинскæйы Тотраты Бесæйы номыл адæмон театры æппæт премьерæтæм бакæсын мæнæн нæ бантыст. Фæлæ дзы кæддæр иу спектакл федтон «Сосе, рай!» хуындис. Ларисæ дзы, сценæмæкæсджыты тынг чи бахъæлдзæг кодта, уыцы Сусунайы фæлгонц сарæзта. Йæ хъайтар бонæн ног къаба æлхæны, хъал цард кæны.
Олгинскæ ныр дæр фæстейы нæ лæууы, фæлæ раздæр Ирыстоны раззагдæр цæрæн бынæттæй уыдис. Йæ колхоз «Коммнизммæ фæндаг» та Советон Цæдисы фыццаг хæдзарæдтæй иуæй амыдтой. Йæ сæрдар, ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутат Цæболты Ибрагим арæхстджын разамонæг уыдис. Мæскуыйы облæсты иу районы центры Культурæйы галуан йæ зæрдæмæ фæцыд. Йæ проект ын бацагуырдта æмæ йæ нæхимæ сласта. Олгинскæйы бæстастæу тынг рæсугъд Культурæйы хæдзар уайтагъд сырæзыд. Æрмæстдæр ма йæ кæд «БМК»-йы клубимæ абарстаис, æндæр Ирыстоны уый æмаргъ бæстыхай нæ уыд. Ныр сæ дыууæ дæр къодахæй хуыздæр уавæры нал сты.
Олгинскæйы Культурæйы хæдзар 1964 азы байгом. Куыд районы газет «Коммунизмы тырыса»-йы уацхæссæг, афтæ дзы 1970 азы сæмбæлдтæн. Мæ уацхъуыды ныхас цæуыл цыдис, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ мæм рæсугъд галуаны хъæлдзæг адæмы цæстытæ хуры тынты хуызæн кæй фæкастысты, уый мæ зæрдыл æрлæууы.
Ларисæмæ йæ хорз фыд Уырызмæгмæ гæсгæ хорз зæрдæ дарын. Уæд тракторон бригады разамонæг уыди. Стан æфсæнвæндагмæ хæстæг æвæрд уыд. Кæстæрæн хистæримæ бирæ ныхасгæнинагæй фылдæр цы вæййы. Хъусын æм зыдтон. Зæхкусæг адæймаджы миниуджытæ-иу бындуронæй радзырдта.
Куыд районы газеты уацхæссæг, афтæ Олгинскæмæ алы къуыри дæр цыдтæн. Ныр ам афæдз дыууæ хаттæй фылдæр нал сæмбæлын. Фæлæ мæ хæлары чызг Ларисæмæ æнæбацæугæ куыд и? Ныр дæр та Культурæйы хæдзары къæсæрæй бахызтæн. Кæддæры рæсугъд бæстыхай цы уавæры ис, зæгъгæ, мæ уыцы хъуыды фæцагайдта. Ларисæ мæ цыма æмбаргæ бакодта, уыйау сдзырдта: «Фидæнмæ нæм цалцæггæнæн куыстытæ райдайдзысты».
Ацы уавæрæн дарддæр быхсæн дæр нал и. Рейхстаг куы байстой, уæд ма уый дæр Олгинскæйы Культурæйы хæдзарæй гыццыл сæрæндæр «каст» кодта. Къултæ, зæронд кæрцау, лæбырын райдыдтой. Фæлæ дзы цы адæм кусы, уыдонæй хорзæй дарддæр ницы зæгъдзынæн.
Ам хъæуыхицау Дзлиаты Таймуразы æххуысæй архайынц, сæ хъуыддаджы æнтыстытыл æмбæлынц. Конкурс «Иры фарн»-ы Олгинскæйы адæмон инструментты ансамбл бацахста 1-аг бынат. Йæ разамонæг Кæлуты Людæ. Адæмон театры актертæ дæр фесгуыхтысты. Режиссер Бæцæзаты Индирæйы æвæрд спектакл «Ханты цагъд» та бацахста 2-аг бынат. Ныртæккæ театр æвæры ног спектакл «Хъæздыг хæдзар».
Кæлуты Людæ ма ноджы сценикон аивадмæ комкоммæ хорз бар дары. Йæ курдиаты авналæнтæ уæрæх сты, архайын сæ зоны. Уæвгæ сæ йæхæдæг дæр æнæнхъæлæджы раиртæста. Фыццаг хатт сценæйы цæстфæлдахæг чызджы фæлгонц куы сарæзта, уæд. Йæ миниуджытæ æппæрццæг рауадысты. Цы сценикон ахорæнтæй архайдта, уыдон иууылдæр цардæй райста.
Тарханаты Маринæ у Ларисæ æмæ Дзулаты Зæринæйы æмкъласон. Фæндырæн йæ зæрдæ гыццылæй радта. Ирон музыкæйы уацары бахауд æмæ йæ абоны онг дæр уæгъд нæ уадзы. Йæ сабидуджы дыууæ хæлар чызгимæ 30 азы кусы. Кафджыты къордæн фæндырæй цæгъды. Поэт Касаты Батрадзы æмдзæвгæтæм гæсгæ зарджытæ фыссы.
Методист Дзулаты Зæринæ стыр бавæрæн бахаста Культурæйы хæдзары æппæт æнтыстытæм дæр. Аивадон хихъæппæрисадон къордты архайæг хъæубæсты фæсивæдæй 105 адæймаджы иууылдæр йæхæдæг равзæрста. Аивад йæ зæрдæмæ циндзинад кæмæн хæссы, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ рауадысты. Сæ хъуыддæгтæй райгонд уæнт!












