Фыды фарн — иу фæлтæрæй иннæмæ

0
385

Хъахъхъæдуйраг Тъехты Таймураз æцæг куысты лæг у. Цымыдисаг рауадысты йæ фæндæгтæ. Хъæуы скъолайы фæстæ Хъæууонхæдзарадон институты инженер-электрикы дæсныйад куы райста, уæд æрыгон специалисты Цæлыччы совхозмæ арвыстой, æмæ дзы алыхуызон бынæтты бакуыста 27 азы.

Кæуылты уыдысты хæдзарады Таймуразы æнтыстытæ. Наукон-техникон прогрессимæ æмдзу кæнын куы фæразай, уæд афтæ вæййы. Æхсыры фермæ механизацигонд уый æрхъуыдыдзинады руаджы æрцыд. Ам зынгæ фæкъаддæр сты электрон тыхы хæрдзтæ. Фыццаджыдæр, уый продукцийы хиаргъыл фæбæрæг.

Дарддæр инженеры къухтæ бахæццæ сты хордонмæ. Кусджытæ уым уæнгдыхæй архайдтой, æмæ-иу сæ фæллад æрæгмæ ссыдис. Техникæ базæронд. Таймураз æмæ слесыртæ иу къордæй баздæхтысты, æмæ сæ иугай райхæлдтой.

Уыцы рæстæг ивæн хæйттæ æнцон ссарæн нæ уыдысты. Хæдзарады куырд кусы, зырнæйзилæг ис, инженеры диплом ма йæ цæмæн хъæуы, хахныв скæнын куы нæ зона, уæд. Бавдæлдис æмæ сæ зæронд лыстæг хæйттæм гæсгæ æрмадзы аразын райдыдтой. Хорæвгæнæн агрегаты цухдзинæдтыл цалдæр бонмæ аххæссыдысты, фæлæ хорфæлдахæн машинæтимæ иу къуырийы бæрц архайдтой. Сæ мотортæ басыгъдысты, æмæ сыл ног телтæ стухын бахъуыд.

Инженер у, афтæмæй дæм æрхъуыдыдзинад нæй, дæ диплом хуынкъ суарийы аргъ дæр нæу æмæ йæ аппар. Фæлæ Тъехты Хатуйы фырт Таймуразæй уый нæ зæгъдзынæ. Йæ зæрдиаг куыстæй канд совхозы хæдзарадон къабæзтæ нæ, фæлæ æгас поселочы уынгтæ дæр ныррухс сты. Иннæ цæрæнбынæттæй хъауджыдæр дзы æхсæвыгон дæ къах дурыл не скъуырдтаис.

Нымад лæг уыди Хату Хъæхъхъæдуры хъæубæсты. Скъолайы дыууæ къласы йеддæмæ нæ бакаст, афтæмæй фосы куыстмæ зоотехникæй рæвдздæр уыд. Фыртæн хъуыддаджы бафæзмыны аккаг фыд куы фæуа, уæд уый йæ зондæй къæдзæхтæ фæлдахы.

Тъехы-фырт — мадызæнæджы хистæр. Æфсымæр ын ис, æртæ хойы.

Райгуырæн кæртæй уалынмæ чи моймæ ацыд, чи Дзæуджыхъæумæ. Таймуразæн Цæлыччы æртæуатон фатер бæргæ радтой. Йæ ахуыргæнæг цардæмбал Азæйæн дæр скъолайы куысты бынат разындаид. Гъе ныр ма йæ Хатуйæ разыйы ныхас райсын хъуыдис, æндæр йæ уынаффæ — цæттæ.

— Ды дæр ма нæ куы ацæуай, уæд дыууæ зæрондæй мах цы фæуыдзыстæм?

— Абæрæг-иу уæ кæндзыстæм, ардыгæй-ардæм Цæлыкк дард нæу.

— Сымах уæ бынæтты æрфидар уыдзыстут, мах амæлдзыстæм. Нæ кæрт хъуамæ уæййаг фæуа? Уый худинаг у, æмæ дæхæдæг кæс.

Арты сæрты ахизын æнцондæр у фыды коммæ нæ бакæсынæй. Хъæуы цæргæйæ баззад. Фæлæ дын уалынмæ Таймуразмæ партийы Рахизфарсы райкоммæ бадзырдтой. Йæ сæрæн ницы зыдта, афтæмæй бюройы уæнгты раз æрлæууыд. Хъуыды кæны: «Æвæццæгæн, мæ куыстæй фæхаудзынæн, фæлæ цæй тыххæй?»

Партийы райкомы фыццаг секретар Дзуццаты Саханджери комкоммæдзырд разамонæг уыд:

— Совхозы сæйраг специалист дæ, æгъдаумæ гæсгæ дын поселочы цæрын æмбæлы.

— Партийы уæнг дæн, райкомы дзырдмæ нæ байхъусын мæ бон нæу, совхозы директор Сатцаты Аликмæ иу фарст радтон?

— Табуафси, — загъта фыццаг секретар.

— Авд æмæ ссæдз азы дæргъы искуы мæ куыстмæ байрæджы кодтон? Уый фæдыл административон æгъдауæй æфхæрд баййæфтон?

Алик сыстад:

— Никуы.

— Мæ куыст ныууадздзынæн, уæддæр мæ фыды ныхасы сæрты нæ ахиздзынæн.

— Кæд сусæггаг нæу, уæд ма йæ бюройы уæнгтæн дæр схъæр кæн, — зæгъы Саханджери.

— Цæлыкмæ цæрынмæ рацæуон, уый йæ нæ фæнды. Йæ ныхмæ æрлæууын мæ бон нæу.

Саханджери — ирон фæрнджын лæджы фырт:

— Хъуыддаг алыг. Кус дарддæр.

Уыцы фæндагыл совхозы директор Сатцаты Алик Таймуразмæ бадзырдта:

— Дæ бынат бæрнон у, фæлæ мæ дæ хъару, дæ зонындзинæдтæ, дæ арæхстдзинад хæдзарады ахсджиагдæр къабазы хъæуынц. Маргъдарæн цех «Æстæм быдыр» дын дæ бæрны бакæндзынæн.

Маргъдарыны къабазы уавæр бæрзонддæр къæпхæнмæ сисынæн стыр ахъаз уыд адæймаджы хъæппæрис. Маргъдарæн корпусты кусджытæй иутæ уæнгрогæй æвналынц. Механизмтæ сæм къаддæр сæттынц. Холлаг бæдултæн афоныл дæттынц, айк хорз æфтауынц. Фæлæ дзы æнæбары чи архайы, ахæмтæ дæр разынд.

Таймураз хуыздæрты куыст дæнцæгæн райста. Фæлтæрддзинад рапарахат кæнынæн уавæртæ скодта. Цех поселокмæ дæрддзæф у. Адæм сæ улæфты сахаты фылдæр хай фæндагыл сæфтой. Хæрæндон сарæзта. Сихор дзы лæвар кодтой. Хæдзарады кусæг лæджы æфсарм гыццыл нæу æмæ бирæтæн арфæйаг уыди.

Æмæ абон дæр у. Хату æмæ йæ бинойнаг Тамарæ æмуд цард фæкодтой. Таймураз æмæ Азæ дæр кæрæдзи хорз æмбæрстой. Æртæ фырты схъомыл кодтой. Азæ йæ цоты куыд бирæ уарзта æмæ сын сæ хорздзинæдтæй куыд ницы федта. Иу галæй цæд нæй, фæзæгъынц. Уыцы æмбисонд ацы адæммæ нæ хауы. Таймураз йæ кæстæрты хъомыладыл тынг æххæссыд.

Æртæ æфсымæрмæ сæ фыды кæрт байуарыны зонд нæй. Хатуйы хæдзарвæндагæн уый æгъдауæн нæ баззад. Виталик æд бинонтæ хъæуы цæры. Тамерлан æмæ Ариган Дзæуджыхъæумæ раивтой. Фыдæлты уæзæг сæ дыууæйæн дæр кувæндоны хуызæн у, сæ фыд та — сæ Дзуары лæг.

Таймуразæн уал дыууæ чындзы ис. Хæрзæгъдау хæдзæрттæй рацæугæ чызджытæ сты. Тъехты къæсæрыл се ‘рбакъахдзæфæй ацы бинонты æнгом цард нæ фехæлд. Ариганы амонд дæр хуыздæрты хал ахæрæд. Алцæмæн дæр афон ис æмæ, æвæццæгæн, рæхджы Тъехты кæртæй ноджыдæр ма иу хатт фæндыры цагъд райхъуысдзæн.

Тъехты мыггаджы кадджын лæгтæ бирæ ис. Сæ фарн кæуылты у, æвæдза! Уыдонæй иу — Хъахъхъæдуры цæрæг Таймураз. Нæртон мад æмæ фыдæй нæртон хъуыддæгтæ аразынмæ чи райгуыд, уый. Фæллойхъом уæвын йæ туджы хорздзинад у. Æмæ йæм цы дыргъдон ис, уый та! Йæ хæдзар мыдыкъусы хуызæн. Зæрдæ дурæппарæн быдыр нæу, уый æмбары æмæ адæмимæ хæларæй цæры. Дарддæр дæр афтæ уæд!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here