1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстонæн у бæрæгбон — уыцы бон фыст æрцыд йæ хæдбардзинады тыххæй деклараци. Æрыгон паддзахадæн йæ хæдбардзинад банымадтой, Иугонд Нациты Организацимæ чи хауы, фондз ахæм бæстæйы. Фæлæ, æцæгæйдæр, у хæдбар Хуссар Ирыстон æви нæ? Ацы фарстæн дзуапп радтыны тыххæй ныхæстæ дунеон æхсæнады къаддæр нæ кæнынц. Цымæ, цæмæн?
Советон Цæдис куы фехæлд, ууыл рацыд 28 азы, фæлæ абон дæр ма дунейы геополитикон картæ не сбæлвырд. Егъау советон бæстæйы раздæры регионты дзæвгар рæстæг цы дæргъвæтин быцæутæ цæуы, уыдонæн кæрон скæнын нырма нæ бантыст. Ахæм регионтæм хаст цæуынц, Гуырдзыстоны республикæйæ чи рахицæн æмæ йæхи хæдбар паддзахадыл чи банымадта, уыцы Абхази æмæ Хуссар Ирыстон; Азербайджаны чи ис, уыцы сомихаг анклав — Нагорный Карабах — æмæ, сæ цæрджытæн сæ фылдæр уырыссæгтæ кæмæн сты, уыцы Приднестровье æмæ Донбасс, адон сæхи рахицæн кодтой Молдова æмæ Украинæйæ.
Ацы цаутæ кæрæдзийæ кæнынц хицæн, алкæмæн дæр дзы ис йæхи рæстдзинад. Фæлæ ис, чи сæ иу кæны, ахæм æууæл дæр — сæхи куы хицæн кодтой, уæд сын уыцы хъуыддаджы æххуысгæнæг уыд Уæрæсе. Æмæ ныр, чи рахицæн æмæ йæхи хæдбар паддзахадыл чи банымадта, уыдон Уæрæсейæ дæр сты хæдбар, куыд экономикон, афтæ æфсæддон æгъдауæй дæр. Ныгуылæйнаг бæстæтæй иуæй-иутæ, стæй дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ ацы цаутæм кæсынц, кæйдæр зæххытæ Уæрæсе цыма йæхи бакодта, ахæм цæстæй, ног паддзахæдты фæзынд та нымайынц дунеон барад халыны цауыл.
Октябры революцийы фæстæ скифтæ æмæ сæрмæтты байзæддæгтæ — ирон адæм — фæдих сты дыууæ политикон субъектыл: цæгатаг хай баззад Уæрæсейы, хуссайраг хай та — Гуырдзыйы. Ивгъуыд æнусы 80-æм азты националистон фæзындтытæ Советон Цæдисы куы скарз сты, уæд хуссайраг ирæттæ бамбæрстой, гуырдзиаг националисттæй сын тæссаг кæй у, уый. Дыууæрдыгæй дæр уавæр кодта карзæй-карздæр, уæлдай карздæр ссис, ультра-националист Звиад Гамсахурдиайы разамындæй гуырдзиаг парламент Хуссар Ирыстоны Автономон Облæст фесафыныл куы схъæлæс кодта, уæд. Уымæн æмæ гуырдзиаг националистты ахæм уынаффæ амыдта, ирæттæн сæхи административон-территориалон арæзт кæй нал уыдзæн, уый. Фæстæдæр, италиаг журналистимæ ныхас кæнгæйæ, Гамсахурдиа афтæ куы загъта, ирон адæм сты бырæттæ, æмæ уыцы бырæттæй нæ зæхх ссыгъдæг кæндзыстæм, зæгъгæ, уæд ахæм ныхæсты фæстæ ма хъуамæ цы хорзмæ æнхъæлмæ кастаиккой хуссайраг ирæттæ? Уый адыл, ирæттæ æмæ гуырдзиæгты сыхаг-æфсымæрон ахастдзинæдтыл зæрдæдарæн нал уыд.
Советон Цæдис кæй фехæлд, уый æркодта уымæ, æмæ, æппæт Кавказы дæр фæзынд гæрзифтонг адæмы бархи къордтæ, се ‘хсæн скарз сты национ быцæутæ. Гуырдзиаг æмæ хуссайраг ирæтты ‘хсæн хæстон быцæуты уæд фæмард дыууæ мин адæймагæй фылдæр.
1992 азы 20 майы Цхинвалы цыд хæст. Горæты цæрджыты къорд, 36 адæймаджы, сæ фылдæр ацæргæ адæм, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ, сæхи ирвæзын кæнгæйæ, бахаудысты гуырдзиаг националистты къæппæгмæ, æмæ сæ ныццагътой. Уый уыд фæстаг æртах, хуссары цæрæг ирон адæмæн сæ масты дзæкъул атонынæн: фараст боны фæстæ Хуссар Ирыстоны Парламент расидт, Хуссар Ирыстон Гуырдзыйæ кæй рахицæн æмæ хæдбар паддзахад кæй ссис, уый.
1992 азы 24 июны Гуырдзы æмæ Хуссар Ирыстон сфидар кодтой хæстон цаутæн кæрон скæныны æмæ сабырдзинадтауæг тыхтæ саразыны фæдыл бардзырд. Сабырдзинад тауæг тыхтæ арæзт æрцыдысты уæрæсейаг, хуссарирыстойнаг æмæ гуырдзиаг æфсæддонтæй. Уыцы хуызы уавæр ахаста 2004 азмæ, Гуырдзы президентæй Михаил Саакашвилийы куы равзæрста, уæдмæ. Йæ æвзæрстыты кампанийы рæстæг уый расидт лозунг — Абхази æмæ Хуссар Ирыстон фæстæмæ Гуырдзыйы дæлбар бакæнын. 2004 азы фæстæ дыууæ азы дæргъы гуырдзиаг, ирыстойнаг æмæ уæрæсейæг æфсæддон къордты ‘хсæн рæстæгæй-рæстæгмæ æвзæрд хæстон быцæутæ.
2008 азы 7 августы Саакашвили раныхас кодта телеуынынадæй æмæ зæрдæ бавæрдта, Хуссар Ирыстонимæ Гуырдзыйы ‘рдыгæй æфсымæрон ахастдзинæдтæ кæй уыдзæн æмæ сабырдзинадыл кæй архайдзæн, уымæй. Æмæ раст уыцы тæккæ æхсæв 8 августы гуырдзиаг хæстонтæ æрбабырстой Цхинвалмæ. Дыууæ боны фæстæ гæрзифтонг быцæуы бацыдысты Уæрæсейы æфсады тыхтæ. Францы президент Николя Саркози дзы ахъазгæнæг уыд, афтæмæй 2008 азы 12 августы фидаргонд æрцыд хæст бауромыны фæдыл бадзырд. Гуырдзыйы республикæ йæхи агрессорæй кæй равдыста, уымæ гæсгæ Уæрæсе официалон æгъдауæй банымадта Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахадыл, æмæ абон дæр Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе у йæ æдасдзинады стырдæр ныфс æмæ зæрдæдарæн.
2008 азы фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыйы ‘хсæн арæн бынтондæр æхгæд æрцыд. Ахæм уавæры æрыгон Республикæйæн дунеимæ баззад иунæг бастдзинад, æмæ уыцы бастдзинад Уæлладжыры фæндаджы сæрты цæуы Уæрæсейы Федерацийы субъект — Цæгат Ирыстонмæ.
Хуссар Ирыстонæн йæ уавæр æнæхъæнæй — экономикон æгъдауæй дæр, дипломатон æгъдауæй дæр — аразгæ у Уæрæсейæ. Кæд хуссайраг ирæттæ сæ цæгатаг æфсымæртимæ алцæмæй æххæст политикон цæдисмæ бæллынц, уæддæр, Уæрæсемæ официалон æгъдауæй бацæуынæн цы аргъ хъæуы, уый бафидынмæ цæттæ не сты.
Йæ цæрджыты нымæц Хуссар Ирыстонæн, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ нæу — æдæппæт дзы цæры 53 мин адæймаджы. Чи зоны, уымæ гæсгæ паддзахад цардхъом каст нæ кæны. Цæмæй рæза æмæ парахат кæна, уый у Уæрæсейæ аразгæ. Фæлæ иуæй-иу фæсарæйнаг бæстæтæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадтой, уый, чи зоны, æмæ уавæр зынгæ раивид, уыцы статус ын официалон æгъдауæй лæвæрд куы ‘рцæуид, уæд, цæмæй йæ бон уа дунейы иннæ бæстæтимæ экономикон, политикон æмæ культурон ахастдзинæдтæ фидар кæнын. Чи зоны, Хуссар Ирыстонæн уый у иунæг гæнæн, цæмæй йæ бон бахъахъхъæнын бауа йæ хъæздыг æмæ хæдбындур ирон æвзаг æмæ культурæ йæ фидæны фæлтæртæн.
Ричард Фольц у канадæйаг ахуыргонд, профессор-лингвист, философийы доктор, Ираны истори, стæй динты истори иртасæг.
Каст фæци Гарварды университет, «персайнаг литературæ» æмæ «лингвистикæ»-йы факультеттæ. Ныртæккæ у Монреалы университеты динзонынады æмæ культурæйы кафедрæйы профессор.
Ричард Фольц у Астæуккаг Азийы историйы фæдыл бирæ наукон куыстыты автор. Йæ чиныг «История таджиков: Иранцы Востока» у, фæсарæйнаг историк кæй ныффыста, таджикæгты историйы тыххæй фыццаг ахæм чиныг. Уымæй уæлдай йæм ис иртасæн куыстытæ ирæтты историйы тыххæй.
2019 азы Ричард Фольц уыд Дзæуджыхъæуы. Куыд иртасæг, уыцы хуызы йæ республикæмæ æрхуыдта Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт.
Ричард ФОЛЬЦ,
профессор,
Канадæ












