Мидбылхудгæ, зæрдæхæларæй æрвылбон дæр Дзуццаты Къостаимæ æмбæлдыстæм «Рæстдзинад»-ы редакцийы. Йæ лæгдзинад æмæ хорз хъуыддæгтæ кæуылты уыдысты, æвæдза. Йæхи адæмыл баста йæ куыст æмæ йæ уды фарнæй. Æдзухдæр уыд адæмы ‘хсæн йæ куыст, йæ архайдмæ гæсгæ. Никуы никæй бафхæрдта. Йæ фыстыты уыд нæ республикæйы куыстхъом æмæ рæстуд адæмы цард æмæ рæстæджы улæфт.
Уарзта адæмы, семæ ныхас кæнгæйæ, йæ дзырдуаты æнæуаг дзырд никуы загътаид. Цымыдис æрмæджыты æвдыста фæллоймæ здæхт, цард кæуыл æнцайы, уыцы хистæрты æмæ цард рæсугъд кæмæй кæны, уыцы фæсивæды зæрдæргъæвддзинад, сæ зондахаст æмæ змæлд.
Хъыгагæн, æнæнхъæлæджы фæхъуыд не ‘хсæнæй, æрæнкъард нæ куыстуат, нæ цæстытыл ма ауайы йæ нæртон фæлгонц, йæ фидар къахдзæфтæ редакцийы даргъ тыргъы.
Дыууиссæдз боны рацыд, не ‘хсæн куы нал ис адæмуарзон, цардбæллон лæг Дзуццаты Барисы фырт Къоста, уæдæй нырмæ. Æрдæгыл аскъуыд йæ зарæг… Йæ къухфыстытæй ма баззад, мыхуыры чи нæ рацыд, ахæм æрмæджытæ, æмæ сæ уæ размæ хæссæм, зынаргъ газеткæсджытæ. Хæрзаудæн кæнæд не ‘ппæтыл дæр.
Дзуццаты Къостайы дыууиссæдзæм бон уыдзæн 21 мартъийы, сабаты, Беслæны.












