Уæхи ма стыхсын кæнут!

0
194

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ  æмæ  уазджытæн горæты администраци фæдзæхсы, цæмæй  тынг ма стыхсой. Хойраг æмæ цардыуагон товартæ нæ республикæйы сæйраг горæты парахатæй кæй ис, уымæ гæсгæ хæринаг бирæгæйттæй æлхæнын æмæ дзы æвæрæнтæ кæнын нæ хъæуы.

Фиппаинаг: цæмæй низæфтауæг Covid-19 ма ахæлиу уа, уый тыххæй, адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæттæм цæуын не ‘мбæлы. Сыгъдæгдзинады домæнтæ æххæстгæнинаг сты. Ныртæккæ коронавирусæй рынчынтæ Дзæуджыхъæуы дæр æмæ республикæйы дæр нæй. Низæфтауæджы тыххæй æххæст хабæрттæ базонæн ис сайт стопкоронавирус. РФ-йы, науæд æвæстиатон бастдзинады 8-800-301-20-68 (Цæгат Ирыстоны); 8-800-2000-112 (æппæт Уæрæсейы) телефонтæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here