Æппæт товартæ дæр нæм ис

0
225

Фæстаг бонты Дзæуджыхъæуы цæрджытæ хойраджы продукттæ арæхдæр æлхæнын кæй райдыдтой, уый тыххæй РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министр ТОМАЙТЫ Хъазыбег федералон æмæ регионалон фæлхасадон хызтæ æмæ базарты разамонджыты æмбырды радзырдта,  уыцы товартыл хæлоф кæнынæн æппындæр кæй ницы æфсон ис, уый тыххæй. Æрвылбон каст цæуы æргътæ æмæ хойраджы продуктты ассортиментмæ.

Æмбырды размæ ведомствæйы сæргълæууæг къабазы хайæдты хицæуттимæ бабæрæг кодта æппæты стырдæр фæлхасадон объекттæ. Алкæмдæр фенæн уыдис, æргътæ кæй нæ фæфылдæр сты, уый.

«Уавæр афтæ у, æмæ горæты цæрджытæ иуæй-иу товартæ æлхæнын райдыдтой  арæхдæр. Æппæт дуканитæ уымæ цæттæ нæ разындысты, кæмдæрты та кусджыты бон нæ бацис товартæ афоныл тæрхæджытыл æрæвæрын, æмæ рауад кæнгæ кадавардзинад. Ныртæккæ нæм уый нæй. Хойраджы продуктты æвæрæнтæ æххæстгонд æрцыдысты», — фæбæрæг кодта Томайты Хъазыбег.

Ацы уавæры тыххæй дзырдтой фембæлды архайджытæ дæр. «Магнит»-ы, «Метро»-йы, «Пятерочка»-йы, базартæ «Первомайский»-ы, «Центральный»-ы, «Викалина»-йы, супермаркеттæ «Стэйтон», «Забава» æмæ «Деликат»-ы  разамонджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй æппæт фæлхасадон хызтæ дæр æвæстиатæй фылдæр хойраджы продукттæ æлхæнын райдыдтой товаруадзджытæй. Сæ фылдæр хай æвæрд æрцыд тæрхæджытыл, иннæ хай та ныртæккæ ис фæндагыл æмæ æввахсдæр рæстæджы уыдзæн республикæйы.

«Коронавирусы тыххæй цы тыхст уавæр сæвзæрд, уымæй уæлдай ма мах хъуыды кæнæм, фæсарæйнаг æхцайы курс кæй фæфылдæр, ууыл дæр. Иудадзыг нæ цæст дарæм æргътæм, æмæ уæлдæр нæ кæнынц. Фæлæ æз сымахæй курæг дæн, цæмæй нæ фарсмæ æрбалæууат. Баныхас кæнут, товартæ кæмæй исут, уыдонимæ, цæмæй уавæрæй ма спайда кæной æмæ æргътæ ма фæфылдæр кæной», — бафæдзæхста  министр.

Кæронбæттæны йын фæлхасадон объектты разамонджытæ зæрдæ бавæрдтой, цы тыхст уавæр сæвзæрд, уый банывыл кæныныл æмхуызонæй кæй бацархайдзысты, уымæй.

 

ГУЫРДЗЫБЕТЫ Зæринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here