Арæнтæ хъахъхъæндзысты

0
214

Уыдис Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады иумæйаг æмбырд. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг ТОМАЙТЫ Ирбег, Национ ахастдзинæдты фарстыты фæдыл министрады, Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы Арæнхъахъхъæнæн управленийы, æмæ Терчы æфсæддон хъазахъхъаг æхсæнады Алайнаг республикон зылды хъазахъхъаг æхсæнады минæвæрттæ. Фарст афтæ æвæрд цыд, цæмæй хъазахъхъæгтæ бархи уагæвæрды хуынд цæуой Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон арæнтæ хъахъхъæнынмæ.

Æмбырды ныхас цыд республикæйы  арæнтæ хъахъхъæнынмæ граждæнты æрбахонынæн уæлæмхасæн уавæртæ саразыны хъуыддаг фæхуыздæр кæнын æмæ Терчы æфсæддон хъазахъхъаг æхсæнады Алайнаг республикон зылды уæнгты паддзахадон службæ кæныны уагæвæрдыл, УФ-йы Паддзахадон арæн хъахъхъæнгæйæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, æрвылаз 1 июнæй 30 сентябрмæ  «Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон арæн хъахъхъæныны къабазы Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы Арæнхъахъхъæнæн управлениимæ æмархайд кæныны тыххæй» бадзырдмæ гæсгæ архайæг арæнхъахъхъæнæг къордтæ дружинникты хуызы документтæ бæрæг кæнынц, арæнхъахъхъæнæн тæлмы чи ис, уыцы адæмтæн, стæй æмбарæн куыст кæнынц Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджыты æхсæн, цæмæй  æххæст кæной  Паддзахадон арæнхъахъхъæныны уагæвæрды æгъдæуттæ.

Арæн хъахъхъæнгæйæ, хъазахъхъæгты архайд æдзухдæр хорз бæрæггæнæнтæ æрхæссы барадхалджыты бауромыны хъуыддаджы. Зæгъæм, 2019 азы  арæнхъахъхъæнджытæ баурæдтой 16 арæнхъахъхъæнæн уагæвæрд халæджы.

 

Уæрæсейы Æдасдзинады

федералон службæйы

РЦИ-Аланийы

Арæнхъахъхъæнæн

управленийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here