Бæстон æмæ æххæст дзуаппытæ

0
346

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æмæ Сæйраг федералон инспектор ЧЕЛÆХСАТЫ Владимир Уæрæсейы Федерацийы Президенты исæн уаты фембæлдысты республикæйы цæрджытимæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ республикæйы разамынд арæх скæнынц, фылдæр хатт сæм æххуысагур кæй æрбацæуынц, уый дæр сусæггаг нæу. Битары-фырты амынддзинадмæ гæсгæ æхцайы æххуыс бакæндзысты бирæсывæллонджын бинонтæн, сæ иу саби у инвалид. Фарон ын скодтой уæззау операци, ныр ма йæм хъуамæ Мæскуыйы рынчындоны кæсой, дзæбæх æй кæной. Уый тыххæй сын æхца нæ фаг кæны. Республикæйы Сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта, æхцайæ кæй не стыхсдзысты, уымæй.

Уæззау царды уавæры тыххæй уыд йæ ныхас иннæ æрбацæуæг сылгоймагæн, йæхæдæг дæр низы ахасты бахауд, уыцы-иу рæстæг йæ рынчын мадмæ дæр зилы. Битарты Вячеслав бахæс кодта Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн, цæмæй йын æмбæлгæ фæрæзтæ радих кæной æмæ йæ дзæбæх кæнынмæ арвитой. Уыдæттæй уæлдай ма сылгоймаг зындзинæдтæ æййафы коммуналон фиддонтимæ дæр, сæ бафидынæн дæр ын баххуыс кæндзысты.

Октябрыхъæуы цæрæг республикæйы Сæргълæууæджы æргом аздæхта сæ центрон парчы рацарæзт кæронмæ ахæццæ кæнынмæ. Афтæмæй, парк суыдзæн, адæм сæ рæстæг рæсугъдæй æмæ мидисджынæй кæм æрвитдзысты, алыхуызон мадзæлттæ кæнæн кæм уыдзæн, ахæм бынат. Цæрджыты ма тыхсын кæны, сывæллæттæн хъазæн фæз кæй нæй, уый дæр.

Ногиры цæрджытæ рагæй дæр тыхсынц доны кадавардзинадæй, уавæр банывыл кæныны куырдиатимæ æрбацыд хъæуы цæрæг.

Куыд рабæрæг, афтæмæй доны хызты ихсыд 90 процентæй ахызт, уымæ гæсгæ хъæуы куы иу ран нал вæййы дон, куы иннæ ран. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй Ногиры ацы аз бавналдзысты доны хæтæлты 73 километры баивынмæ. Хъæуккæгтæ та хъуамæ æмхуызонæй сæ цæст фæдарой, куыстытæ цавæр æмвæзады конд цæудзысты, уыдæттæм.

Нартыхъæуы цæрджытæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, чи дзы фесæфт, хæсты заман Ирыстон сæрибаргæнгæйæ чи фæмард, уыдоны æфсымæрон ингæн æмæ цыртдзæвæн у зилинаг. Республикæйы Сæргълæууæг байхъуыста хъæуы минæвармæ, бахæс кодта, цæмæй 1 маймæ уыцы æнусон бынатмæ базилой.

Республикæйы Сæргълæууæг æмæ Сæйраг федералон инспектормæ куырдиæттæ æмæ алыхуызон фарстытимæ чи æрбацыд, уыдон райстой бæстон æмæ æххæст дзуаппытæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here