Кæд карантин бирæ нæ ахæссид

0
414

Спортуарзджытæ Дзæуджыхъæуы цымыдисæй цы профессионалон боксы изæрмæ æнхъæлмæ кастысты, уый 21 мартъийæ фæстæдæрмæ хаст æрцыд.

Хъуылаты Базийы номыл Спортивон галуаны уыцы бон цы 18 тохы хъуамæ цыдаид, уым сæйрагдæр уыд Уæрæсейы сгуыхт тренер Сланты Виталийы хъомылгæнинаг, дунейы чемпион Федор Чудинов æмæ Айзек Челембайы тох.

Уыдонæй уæлдай ма уыцы изæр хъуамæ рингмæ рацыдаиккой 34 боксеры. Дзæуджыхъæумæ æрбацæуинаг уыдысты Уæрæсе æмæ фæсарæнтæй 18 боксеры сæ тренертимæ. Хъыгагæн, ныр уыцы спортивон стыр ерыс æндæр рæстæгмæ хаст æрцыди, дунейы цы ног низы эпидеми парахат кæны, уый азарæй.

Коронавирусæй спортсменты æмæ æппæт бæстæйы цæрджыты дæр, бахъахъхъæныны фæндæй урæд æрцыдысты Уæрæсейы спорты иннæ хуызтæй ерыстæ дæр. Нæ зæрдæ дардзыстæм, ахæм уавæр дæргъвæтин рæстæг кæй нæ ахæсдзæн, æмæ та цард йæ бынаты кæй сбаддзæн, ууыл. Уырны нæ, мæйы фæстæ та нæ стадионы трибунæтæ футболуарзджытæй кæй байдзаг уыдзысты, театртæ æмæ концертон залтæ аивадуарзджытæй, скъолатæ æмæ иннæ ахуырадон бæстыхæйттæ та ахуырдзаутæй æмызмæлд кæй кæндзысты, спортуарзджытæ æнхъæлмæ цы профессионалон боксмæ кастысты, уый дæр Дзæуджыхъæуы æнтыстджынæй кæй ацæудзæн, уый.

 

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here