«Ирон царды æгъдæуттæ»

0
348

Фæстаг рæстæг бирæ ныхас цæуы, нæ фыдæлты æгъдæуттæ куыд растдæр æххæст кæнын хъæуы, ууыл.  Дзырды баззад алы комæн, алы сыхæн дæр хицæн æгъдау æмæ фæтк ис, зæгъгæ, фæлæ, нæ адæмы иудзинадыл дзургæйæ, æнæмæнг фиппаинаг сты, нæ адæмы иудзинадыл чи зыны, уыцы æгъдæуттæ, ирон цард незаманты цæмæй рæсугъд уыд, уыцы æууæлтæ æмæ абоны æхсæнады домæнтæ хынцгæйæ, хъуамæ цæуæм размæ. Æхсызгон у, не ‘гъдæуттæ абоны фæлтæрты, алы кары минæвæртты, уæлдайдæр та фæсивæды цымыдис кæй кæнынц, уый. Ууыл дзурæг у, сæ фæтк æмæ æххæст кæныны фæдыл сæм бирæ фарстытæ кæй сæвзæры, уый. Уыдонæн та агурынц дзуапп хистæртæй, чингуыты, æхсæнады иумæйаг хъуыддæгтыл куысты æмæ суанг Интернеты дæр.

Æгъдауы мидис æмæ нысан куы нæ зонай, уæд йе ‘ххæст кæнын дæр зын у. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ хынцгæйæ,  газет «Рæстдзинад»-ы хайады сæргълæууæг, этнограф æмæ фыссæг Цгъойты Хазби йæ  тематикон фарс «Æлутон»-ы æмæ  нæ фыдæлты удварны культурæйы тыххæй æрмæджыты бæстон æрдзуры,       не ‘гъдæуттæ куыд  æххæстгæнгæ сты, ууыл.

Хазбийæн не ‘гъдæутты тыххæй иу æмæ дыууæ  мидисджын чиныджы ныффыссын нæ бантыст. Уыдонæй æхсызгонæй пайда кæнынц, ирон æгъдау æххæстгæнæг алы фæлтæры минæвæрттæ, астæуккаг скъолаты та ацы чингуытæ сты хорз æххуыс  ахуыргæнджытæн æмæ ахуырдзаутæн ирон традицион культурæйы урокты.

Æрæджы рауагъдад «Полиграфсервис»-ы  æххæстдæрæй  дыккаг хатт рухс федта йæ чиныг «Ирон царды æгъдæуттæ». Ис дзы аст сæргонды: «Фыдæлты фæд», «Ирон царды бындуртæ: дин æмæ уаг», «Зæдтæ æмæ дауджытæ», «Ирон фынджы æгъдæуттæ», «Адæймаджы æнусон фæд», «Æнæмæлгæ дуне нæй», «Афæдзы дæргъы мæрдты иумæйаг мысæн бонтæ», «Ирон бæрæгбæттæ», «Фæрсын хорз у, чи фæрсы, уый зоны», «Уæлæмхасæн», «Фæрныг хистæры æртæ куывды».

Ирон царды адæймаг цы фарстытимæ æмбæлы, бинонты царды, цины æмæ хъыджы бонты, не ‘гъдæуттæн æмæ фæткæн цы нысан ис, уыцы æппæт миниуджытæ æмæ хабæрттыл Хазби фыссы æнцонæмбарæн аив æвзагæй. Йæ алы æрмæг дæр æххæст у фыдæлты æмæ абоны цардæй ист бæлвырд дæнцæгтæй. Чиныг чи бакæса, уый ссардзæн дзуапп бирæ фарстытæн. Хазбийы  алы æрмæгæй дæр æнцонæй рахатæн ис, нæ ирон царды æгъдау бæлвырд фæткы æмæ хъуыдыйы бындурыл амад кæй у, уый.

Цины дæр æмæ зианы дæр фыдæлтæ  зыдтой бæрц, аудыдтой æрдзы, адæймаджы уды æмæ æнæниздзинады уагыл. Афтæмæй цардысты рæстаг фæллойы æмæ ирон æгъдау фæлтæрæй-фæлтæрмæ кад æмæ радимæ хæсгæйæ. Уыцы сæйраг хъуыды Хазби хæссы ацы чиныгæй нæ адæмы размæ.

Чиныг «Ирон царды æгъдæуттæ»-йы дыккаг рауагъд рухс федта амалхъом, ирондзинадыл æнувыд адæймаг Битарты Аликы æххуысæй. Æмæ йын автор чиныджы разныхасы йæхи æмæ чиныгкæсджыты номæй кæны зæрдиаг арфæ.

 

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here