Журналистты бартæ

0
224

РЦИ-Аланийы Журналистты цæдис æмæ Дзыллон-информацион фæрæзты кусджыты бартæ хъахъхъæнынады центры хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы, Абайты Васойы номыл социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты нæ республикæйы журналисттæн скодтой семинар.

Лекци дзы бакастис центры хистæр юрист Светланæ Кузеванова. Куыд радзырдта, афтæмæй ацы центры архайд æнæмæнг ахсджиаг у нæ бæстæйы дзыллон информацион фæрæзты æхсæнадон куыстæн. Организаци арæзт куы ‘рцыд, уæдæй абонмæ сæдæгай журналистты бартæ бахъахъхъæдтой закъоны бындурыл.

— 1996 азы райдыдтам нæ куыст, æмæ фæстæмæ куы акæсæм, уæд нæ зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæм æнтыстдзинæдтæ нын ис. Нæ сæйраг хæс у, æхсæнадон цард чи æвдисы, уыцы журналисттæн закъоны бындурыл сæ бартæ хъахъхъæнын. Журналисты æрмæг тæрхондоны онг цæмæй ма ‘рцæуа, уый тыххæй сын кæнæм семинартæ æмæ æндæр ахуыртæ. Уæлдай хъаугъайагдæр нырыккон рæстæг сты социалон хызты, Интернеты блогертæ æмæ æндæр къордты журналистикæимæ баст цаутæ. Журналист хъуамæ зона бæлвырд, йæ æрмæгмæ цы къам дæтты, чи ис къамы æмæ цы кусæг у, уый, — загъта Светланæ Кузеванова.

Нæ республикæйы журналисттæм  бирæ фарстытæ сæвзæрдис æмæ сын биноныг дзуаппытæ райстой.

 

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here