Росгвардийы 25 азы

0
213

Уæрæсейы Федерацийы национ гвардийы æфсæдты Цæгат Кавказы зылды оперативон нысаниуæджы хицæн бригад кадджын уавæры сбæрæг кодта йæ саразыныл 25 азы сæххæсты бон.

Росгвардийы Дзæуджыхъæуы иугонды æфсæддон хæйтты разамындæн, службæгæнджытæн æмæ ветерантæн бæрæгбоны фæдыл арфæ ракодтой УФ-йы национ гвардийы æфсæдты Цæгат Кавказы зылды командæгæнæджы хæдивæг инæлар-майор Михаил Романов, РЦИ-Аланийы Хицауады æмæ Парламенты, регионалон министрадты, ведомствæты æмæ дины минæвæрттæ. Мадзалы архайдтой, æфсæддон службæгæнджытæй чи фæмард, уыдоны бинонтæ æмæ Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы ахуырдзаутæ.

Кадджын митинг райдыдта Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон тырыса æмæ æфсæддон иугонды хæстон тырыса рахæссынæй.

Иугонды командир, инæлар-майор Александр Архипенко арфæ ракодта æфсæддон службæгæнджытæн, сæ хæс хорз кæй æххæст кæнынц æмæ æфсæддон ардбахæрдыл иузæрдион кæй сты, уый тыххæй. Иугонды æфсæддонтæн арфæ ракодтой  кадджын уазджытæ дæр, радтой сын лæвæрттæ, грамотæтæ æмæ арфæйы ныхæстæ фыстæй.

Бæрæгбон  барæсугъд кодтой кинологтæ æмæ сгарæн ротæйы æфсæддонтæ, уыдон равдыстой сæ арæхстдзинад, хæстон цæттæдзинад æмæ армхæстæй архайды сусæгдзинæдтæ, стæй бригады æфсæддон оркестры плац-концерт.

Кæронбæттæны, Райгуырæн бæстæйы  сæраппонд йæ цард чи радта, уыдоны нæмттæ цы мысæн мемориалыл фыст сты, ууыл сæвæрдтой дидинджытæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here