Культурæйы хæдзар ногæй байгом

0
434

Районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омар куыд фехъусын кодта, афтæмæй бындурон цалцæджы фæстæ ногæй байгом кодтой Сырх-Дыгуры Культурæйы хæдзар.

— Ис дзы библиотекæ, кусæнуæттæ æмæ концертон зал 200 бынатæн. Сырх-Дыгуры цæрæг адæм сæ хъæуы Культурæйы хæдзармæ арæх æрбацæуынц. Ацы хъæуæй рацыд сфæлдыстадимæ баст бирæ адæймæгтæ, ис дзы курдиатджын фæсивæд, — зæгъы Лагкуйы-фырт.

Цалцæггæнæн куыстытæ конд æрцыдысты  национ проект «Культурæ»-мæ гæсгæ. Бахардз сыл кодтой 10 милуан сомы.

Бынæттон бюджеты хардзæй сценикон уæлæдарæс балхæнынæн радих кодтой 500 мин сомæй фылдæр. Хæрзхъæд цалцæггæнæн куыстыты тыххæй сырхдыгурæгтæ Цæгат Ирыстоны разамындæн загътой стыр бузныг.

 

Фиппаинаг: Сырх-Дыгуры Культурæйы хæдзар сарæзтой 1930 азы æмæ базæронд.  Бындуронæй йæ сцалцæг кодтой хъæуы цæрæг адæмы куырдиатмæ гæсгæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here