«Номарæн бæлæстæ»

0
193

Цæгат Ирыстон дæр æххæст кæнын райдыдта Цытджын Уæлахизы 75 азы кадæн «Номарæн бæлæстæ» садзыны мадзал. Дзæуджыхъæуы Намысы мемориалы ныссагътой 79 номарæн бæласы — уый бæрц Советон Цæдисы Хъæбатыртæ Фыдыбæстæйæн балæвар кодта Цæгат Ирыстон.

Æдæппæтæй ацы аз республикæйы ныссадздзысты 89934 бæласы. Ацы патриотон хъуыддаджы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Уый ветерантимæ иумæ талатæ æмбæрзта зæххæй. Цы бирæ æрыгæттæ дзы уыд, уыдонæн та республикæйы Сæргълæууæг бафæдзæхста, цæмæй макуы ферох кæной советон адæмы, æфсæддонты æмæ фæллойгæнджыты æрдхæрæны хъæбатырдзинад.

— Мæн уырны, ацы ахсджиаг хъуыддаг дæр патриотон хъуыддæгтæ дарддæр хæссыны æмæ советон адæмы хъæбатырдзинад мысыны ноджыдæр ма иу фæрæз кæй у, уый. Ацы аллей та суæд, иумæйагæй сабырдзинадмæ кæй тырнæм, уый æвдисæг, нæ арфæгонд зæххыл та кæддæриддæр уæд æмбарындзинад, æдасдзинад, — загъта Битарты Вячеслав.

Ацы рæсугъд хъуыддаджы архайдтой Хицауады паддзахадон оргæнты кусджытæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, æхсæнадон, фæсивæдон, бархион организациты уæнгтæ, республикæйы цæрджытæ. Акци «Номарæн бæлæстæ» æппæт Уæрæсейы райдыдта 18 мартъийы æмæ ахæсдзæн 22 июнмæ. Уæдмæ нæ бæстæйы ныссадздзысты 27 милуан бæласы.

Акцийы нысан у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ æмæ йæ архайджыты ма рох кæнын, уæрæсейæгты иудзинад фидар кæнын, адæмы æхсæнадон, бархион организациты граждайнаг хъуыдыкæнынад фæхъомысджындæр кæнын.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here