Горæт Мирныйæ — Геленджикмæ

0
412

Республикæ Саха-Якутийы горæт Мирныйы цæрæг ирæттæ сæ фæллойуарзаг, хæрзæгъдау, хиуылхæст,  адæмтимæ хæларæй цæрын, æнæхин æмæ сыгъдæгзæрдæйы миниуджытæй сæхи бауарзын кодтой æрмæст бынæттон цæрджытæн нæ, фæлæ ма  æндæр адæмыхæттытæн æмæ республикæйы разамындæн дæр. Ныртæккæ горæт Мирныйы цæры сæдæ ироны бæрц. Сæ фылдæр кусынц гом акционерон æхсæнад «АЛРОСА»-йы куыстуæтты. Кæнынц дзы  алмасийы куыст. Горæты разамынд ирæттæм цы  цæстæнгас дары, ууыл дзурæг у, цæугæдон Иреляхы галиу былгæрон сын цы хæдзар арæзт  æрцыд, уый дæр.

Республикæ Саха-Якути æмæ Ирыстоны æхсæн фидар хæлардзинады бындур сæвæрдтой, хистæр фæлтæртæй дзы фыццагдæр чи æрцард æмæ куыста, уыдон. Уыцы фарн абоны онг хæссынц ирон æхсæнады уæнгтæ, фидардæр кæнынц хæлардзинад дыууæ республикæйы æхсæн.

Хæрзæрæджы нæ республикæйы Конституцион тæрхондоны сæрдар Къесаты Станиславы уазæг уыд Саха-Якутийы Конституцион тæрхондоны сæрдар Александр Ким-Кимэн. Хъуыддаджы  фембæлдмæ Александр Ким-Кимэн æрхаста республикæ Саха-Якутийы паддзахадон хæрзиуджытæ дæр.  Сæргълæууæджы номæй хорзæхджын чи æрцыд, уыдонæй иу уыд горæт Мирныйы ирæтты æхсæнад «Фарн»-ы раздæры сæрдар, ныр та æргом акционерон æхсæнад «АЛРОСА»-йæн Геленджикы цы санатори ис «Æрвхуыз уылæн», зæгъгæ, уый разамонæг, Геленджикы цæрæг ирæтты æхсæнады сæрдар Хъуппеты  Чермен. Саха-якутийаг уазæг ын йæ райгуырæн бæстæмæ республикæйы Сæргълæууæджы номæй æрласта Саха-Якутийы паддзахадон хæрзиуæг «Граждайнаг сгуыхтдзинад». Нæ уацхæссæг фембæлд Черменимæ æмæ сæм рауад ахæм ныхас:

— Чермен, куыд бахаудтæ Якутимæ?

— Мызуры астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ баслужбæ кодтон Советон Æфсады. Цæгат Ирыстоны медицинон институт каст фæуыны фæстæ мæ кусынмæ арвыстой Цæцæн-Мæхъæлы республикæмæ. Грознайы фæкуыстон аз, уый фæстæ мæ арвыстой Малгобекмæ. Уым та бакуыстон дыууæ азы.

1985 азы ацыдтæн Якутимæ, уым райдыдтон кусын сывæллæтты дохтырæй. Арвыстой мæ Бетъырбухмæ æхсæз мæйы курсытæм. Мирныйаг районы рынчындоны куыстон сæйраг дохтыры хæдивæгæй. Район тынг дынджыр у. Иу кæронæй иннæмæ у мин километрæй фылдæр. Хæстæгдæр горæттæ та районы центрмæ сты 500-600 километры. Уыцы хъæутæ æмæ горæттæм цыдыстæм æрмæстдæр хæдтæхджытыл. Фæстæдæр мæ алмасиæрзæткъахæн компанийы санаторийы директорæй сæвæрдтой. Сау денджызы был алмасиæрзæткъахæнæн стыр санатори ис, 800 бынатæн, йæ фæзуат 17 гектары æмæ мæ уырдæм рарвыстой санаторийы разамонæгæй, æмæ ныр дæс азы кусын Геленджикы.

— Чермен, горæт Мирныйы дæ сæйраг куыстæй уæлдай разамынд лæвæрдтай ирæтты æхсæнад «Фарн»-æн. Уый архайды тыххæй дæ хъуыды куы фæбæлвырддæр кæнис.

— Мирныйы бирæ ирон адæм куыста æмæ ныууагътой хорз фæд.  Якутийы  алмасиæрзæткъахæн поселок Айхалы бындурæвæрæг уыд Къадзты Георги. Уый разамындæй хъæды астæу æвæрд æрцыд цатыртæ, æмæ уым цардысты. Абон дæр ма нæ рох кæнынц, Георги цы алмасиæрзæткъахæн байгом кодта, уым кусынмæ адæмы куыд разæнгард кодта, цы хорз уавæртæ сын арæзта, уыцы хъуыддæгтæ. Бынтон та сæ нæ рох кæнынц æрзæткъахæны кусджытæн вертолеттыл хъуццытæ куыд æрбаласта æмæ сын скъæттæ куыд сарæзта, цæмæй йæ кусджыты сывæллæттæ нуазой ногдыгъд æхсыр. Уыцы хабæрттæ уым цæуынц дзыхæй-дзыхмæ. Æз горæт Мирныйы ирон æхсæнад «Фарн»-ы сæрдар куы уыдтæн, уыцы рæстæг Георги æгас нал уыд, фæлæ мах æхсæнад ахæм хъæппæрис равдыста, цæмæй йын Айхалы æвæрд æрцæуа цыртдзæвæн. Мæнæн бахæс кодтой уый тыххæй хицауадимæ баныхас  кæнын. Бынæттон цæрджытæ æмæ  разамонджытæ дæр æхсызгонæй сæмбæлдысты нæ хъæппæрисыл. Цыртдзæвæн æрластой Иркутскæй. Цы организацион хъуыддæгтæ дзы хъуыд, уыдонæн сæ фылдæр æмбис, суанг цыртдзæвæны аргъ уæрæх фæз ын бацæттæ кæныны онг республикæ  æмæ æрзæткъахæны разамынд сæхимæ райстой. Махæн ма дзы баззад Ирыстонæй, мыггагæй, Мæскуыйы æмæ иннæ ирон диаспорæтæй кæй æрхонын хъæуы, уыдоны номхыгъдтæ саразын æмæ сæ цыбыр рæстæгмæ бацæттæ кодтам. Къадзты Алыксандры фырт Георгийæн цырт байгом кæнын сиу кодтой алмасиæрзæткъахæн поселок Айхалы фæндзай азы бæрæгбонимæ.

Кадджын бæрæгбоны раныхас кодтой æмæ сæ зæрдæты рухс æнкъарæнтæ фæдзырдтой, Георгиимæ чи куыста, хорз æй чи зыдта, уыдон дæр. Нæ цин, нæ сæрыстырдзинадæн ма кæрон кæм уыди. Ахæм хистæрты фарн куыннæ хъуамæ хæссой стыр ныфсæн не ‘хсæнады уæнгтæ, куыннæ хъуамæ архайой йæ кад, йæ намыс ын дарддæр хæссыныл. Æхсызгон хъуыддаг ма у уый дæр, æмæ æппæт уыцы хабæрттæ уыдтой æмæ хъуыстой не ‘хсæнады кæстæр фæсивæд дæр. Кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ архайдтой бæрæгбоны уазджытæн лæггад кæныныл. Гал аргæвстам, рæсугъд фынгтæ æрæвæрдтам уазджытæн Культурæйы хæдзары, нæхæдæг та лæггадгæнджытæй фæстæмæ æрбадтыстæм хицæн ран æмæ сыгъдæгзæрдæйæ Георгийы, Ирыстоны фарны хъуыддæгтæ фæдзæхстам Хуыцауыл.

Республикæ Саха-Якутийы  адæмты Ассамблейы хайад ис горæт Мирныйы дæр. Национ-культурон центрты егъау æхсæнады  сты уырыссæгтæ, тæтæйрæгтæ, цæцæйнæгтæ æмæ иннæ адæмты минæвæрттæ. Æмæ уыдоны ‘хсæн мах æхсæнадон организаци «Фарн» нымад у хорзыл. Æдзухдæр архайы æмæ йæхи хорзæй равдисы  культурон æмæ спортивон мадзæлтты.

Куысты дæр æмæ æхсæнадон архайды дæр йæхи хорзæй чи æвдыста,хорз фæд чи ныууагъта уыдонимæ уыдысты: Баситы Тамерлан, Гæдзойты Анатоли, Гæматы Валери, Кокойты Тенгиз, Кцойты Алан, Реуазты Æхсар, Бирæгъты Хъазыбег, Сæлбиты Тотрадз.

Джеоргуыба бæрæг кодтам æдзухдæр. Фæстагмæ ма уым куы уыдтæн, уæд  æрхуыдтам горæты æмæ æрзæткъахæн компаниты разамонджыты. Æмæ йæ сæ зæрдыл бадардтой. Бæрæгбон-иу куы æрцæйхæццæ кодта, уæд-иу нæм дзырдтой: «Уæ бæрæгбон æрцæуы, æмæ та уæм уазæгуаты цæудзыстæм». Мæ фæстæ горæт Мирныйы ирæтты æхсæнад «Фарн»-ы сæрдар уыд  Гæматы Валери. Уæззау низ ыл фæтых  æмæ йæ не ‘хсæнæй атыдта 2018 азы. Ныртæккæ уыцы æхсæнады сæрдар у горæты культурон-спортивон галуаны  директоры хæдивæг Кцойты Зелимхан.

— Чермен, Геленджикы дæ сæйраг куыстæй уæлдай дæ уымы цæрæг ирæтты æхсæнады сæрдар дæр æмæ нын уый тыххæй дæр куы радзурис.

— Хорз бындур, хорз фарн ныууагъта сæ кæстæртæн ирæтты æхсæнады хистæр Икъоты Павел. Уый  фæзминаг хъуыддæгтæ дарддæр хæццæ кæнынц æхсæнады  уæнгтæ Хъуысаты Бабег, Хъуысаты Æхсар,  Тедеты Марат, Мæхъиты Аслан, Кокойты Алан, Басаты Тамерлан. Æнгомæй кусæм мидхъуыддæгты оргæнтимæ. Геленджикы горæты цыдæриддæр культурон-спортивон æмæ æхсæнадон мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоны мах дæр фæархайæм. Ирыстонæй дæр æрбахонæм ансамблтæ, æмæ нын срæсугъд кæнынц нæ бæрæгбæттæ ирон кафт æмæ ирон зардæй.

— Иннæ æхсæнадтимæ уын цавæр бастдзинæдтæ ис?

— Æрбахонæм сæ нæ бæрæгбæттæм, фæархайæм сæ культурон мадзæлтты. Бастдзинæдтæ нын ис, нæ  крайы иннæ горæтты цы ирæттæ цæры, уыдоны æхсæнадтимæ.

Мæргъиты Анатоли Сочийы ирæтты сæргълæууæг у, Краснодары — Хæблиаты Витали. Краснодары фембæлдыстæм æмæ Мæргъиты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ саразæм Краснодары крайæн иу диаспорæ, иннæ горæтты чи цæры, уыдон та уыдзысты йæ хайæдтæ.

— Геленджик, Анапа, Сочийы цы ирæттæ цæры, уыдоны кæстæртæ кæрæдзиуыл æмбæлынц, зонгæ кæнынц кæрæдзиимæ?

— Исты ахсджиаг мадзал куы вæййы, уæд сæ æрбахонæм, базонгæ сæ кæнæм. Нæ бæрæгбон, Джеоргуыба æрмæст хæрд æмæ нозтыл нæ вæййы, фæлæ дзы сæйрагдæр вæййы циндзинад. Æнæмæнг кæсæм, æгъдæуттæ куыд æххæстгонд цæуынц, амонæм сæ кæстæртæн. Ам сын фæдзурæм хистæрты цур, фынджы уæлхъус, æхсæнадон бынæтты хи куыд дарын хъæуы, уырдыг лæууын куыд хъæуы æмæ æндæр æгъдæуттæ. Мæхъиты Аслан дзы сарæзта ирон кæфтыты ансамбл «Арт» æмæ дзы ирон кæфтытæ ирæттæй уæлдай кæнынц уырыссæгтæ дæр æмæ иннæ адæмыхæттытæ дæр. Хæрзæрæджы Дзæуджыхъæуы уыд фестивал «Радуга наций».

Уым архайдта, Мæхъиты Аслан разамынд цы ансамблæн дæтты,уый дæр æмæ дзы йæ æртæ кафты бацахстой дыккаг бынæттæ, схорзæхджын сæ кодтой Кады грамотæтæ æмæ æхцайы фæрæзтæй.

— Чермен, ирон адæмы фарн фидардæр кæныныл архайыс не ‘мзæххонты ‘хсæн æмæ ма дын бирæ бантысæд!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here