Барадхъахъхъæнджыты куыст. Инфекци ма ‘руадзынæн — гæрæнтæ

0
361

«Не ‘взарджытимæ арæх æмбæлæм, сæ хъуыдытæ фæзæгъынц мидхъуыддæгты оргæнты куысты тыххæй, бафиппайдтой, хуыздæргæнгæ кæй цæуы, уый. Комкоммæ хицæн пъæлицæйæгтæй æппæлынц, уæдæ «æууæнчы телефон» дæр хорз ахъаз у тыхстдзинæдтæ сæ хæдцæфыл алыг кæнынæн», — знон депутат КАСАТЫ Таймураз Парламенты æмбырды мидхъуыддæгты министр Михаил СКОКОВЫ раныхасы фæстæ загъта йæ фæндиæгтæ.

Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.

Парламенты æмбырды архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Кæд æмæ рæгъмæ тынг бирæ ахсджиаг фарстытæ хаст æрцыд, уæддæр фылдæр ныхас бацахстой, барадхъахъхъæнæг оргæнтæ ивгъуыд аз куыд бакуыстой, уый бæрæггæнæнтæ æмæ ног коронавирусон инфекцийæн аккаг гæрæнтæ сæвæрыны, республикæ æмæ дзы йæ цæрджыты бахизыны хъуыддæгтæ. Закъоны проекттæ равзаргæйæ, депутаттæ сусæг хъæлæс кæныны фæткмæ гæсгæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цур Адæмы барты тыххæй æххæстбарджынæй сфидар кодтой Цгъойты Тамерланы.

Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, ведомствæ ивгъуыд аз куыд бакуыста, уый тыххæй æрхаста бæлвырд бæрæггæнæнтæ. Сæйрагдæр уыдис адæймаг æмæ гражданины конституцион бартæ æмæ сæрибартæ, сæ æдасдзинад æмæ сын сæ исбон хъахъхъæнын. Регистрацигонд фыдракæндты бæрц 30,9 проценты фылдæр кæй фæцис, уый баст у, фыдракæндтæ регистраци кæныны методикон бындуртæ иу рæстæджы кæй раивтой, уыимæ. Фарон нæ республикæйы не ‘руагътой  терроризм, адæймаджы амынæты райсыны, кæнæ адавыны, æнæзакъонæй йæ æрцахсыны цаутæ.

Адæймаджы ныхмæ конд фыдракæндты бæрц 8,1 проценты къаддæр фæци, афтæ исбонадон фыдракæндтæ дæр — 6 проценты къаддæр; адавыны цаутæ — 3,9 проценты къаддæр; фыдуаг ми бакæнын — 25 проценты къаддæр; цардыуаджы уæззау фыдракæндтæ дæр 80 проценты къаддæр фесты. Ивгъуыд аз кæронмæ æххæстгонд уголовон хъуыддæгтæ рауадысты  16,5 проценты фылдæр. Иумæйагæй фыдракæндтæ раргом  кæныны бæрæггæнæн уыд бæрзонд — 65,4 проценты, уый Цæгат Кавказы федералон зылды æмæ Уæрæсейы у хорз бæрæггæнæн. Мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæ фарон раргом кодтой 5658 фыдракæнды, уыдонæй алы æхсæзæм дæр уыд уæззау æмæ уæлдай уæззау. Сбæрæг кодтой фыдракæнд саразæг 4041 адæймаджы, уыдонæй 717 сты уæззау æмæ уæлдай уæззау фыдракæнд саразæг адæймæгтæ.

Стыр æргом здæхт цыдис фыдгæнджыты къордты фыдракæндтæм, 11 къорды баурæдтой 60 архайæджы. Экстремизмы æууæлтæ парахат кæныны ныхмæ цы рагагъоммæйы мадзæлттæ конд цыдис, уыдæттæ фæбæрæг сты, фарон раргом кодтой экстремистон æртæ фыдракæнды. Барадхъахъхъæнджытæ раргом кодтой хæцæнгарзы æнæзакъон зилдухимæ баст цаутæ дæр, баурæдтой 195 фыдгæнæджы. Æнæзакъон зилдухæй систой 244 æхсæнгарзы, 4 гранатæхсæны, 38 автоматы, 92 дамбацайы, 17 мин гилдзы, 81 гранаты, рæмудзæн æрмæг 7,46 килограммы æмæ æндæр хæцæнгарз.

Мидхъуыддæгты кусджытæ раргом кодтой наркотикты æнæзакъон зилдухимæ баст 975 фыдракæнды, уголовон бæрнондзинад бадомдтой 898 адæймагæй, зилдухæй систой 60 килограммы наркотикон буаргъæдтæ, 2,5 килограммы тыхджын ахадындзинадимæ хостæ. Экономикон фыдракæндтæ раргом кодтой 711, уый 2018 азæй у фылдæр, стыр материалон зиан æрхæссæг фыдракæндтæ уыдысты 190. Михаил Скоков рæгъмæ рахаста коррупциимæ, артаджы энергетикон комплексы æмæ хъæбæр нозтуадзæг къабæзты фыдракæндтимæ тохы сæ къухы цы бæрæггæнæнтæ бафтыд, уыдæттæ. Бацамыдта ма, республикæйы дзыллон мадзæлтты æдасдзинадыл куыд архайдтой, фæндæгты фæтк æххæст кæнынмæ цæст куыд дардтой, республикæйы алы æмвæзады хицауадимæ куыд кусынц, уыдæттæ æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ.

Министр дзуаппытæ радта депутатты фарстытæн. Уый фæстæ æвзæрст лæгтæ сæ хъуыдытæ загътой барадхъахъхъæнæг оргæнты куысты тыххæй. Еленæ Князева арфæ ракодта Михаил Скоковæн, «бузныг, ды нын кæй дæ, уый тыххæй. Кæддæриддæр не ‘ппæт хъуыддæгты дæр бацархайыс, нæ куырдиæттæн дзуапп раттыс», — загъта наукæ, ахуырад æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар. Депутат Тедеты Дзамболат дæр хорзыл банымадта барадхъахъхъæнджыты куыст, бузныг загъта Михаил Скоковæн, Чермены зылды пост сæхгæнын кæй нæ бауагъта, уый тыххæй. «Бæрæг у, министрады фидар фæтк кæй сæвæрдтай, абон адæм æмæ мидхъуыддæгты оргæнтæ кæрæдзи кæй бамбæрстой, кæй баиу сты, уый у бæлвырд», — загъта Тедейы-фырт. Депутаттæй ма бирæтæ арфæйы ныхæстæ загътой министрæн.

Уый фæстæ æмбырды архайджыты раз раныхас кодта «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг службæйы разамонæг Тыбылты Алан. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Михаил Скоковы цæхæркалгæ раныхасы фæстæ йын æнцон дзурын нæу. «Хъуамæ фæбæрæг кодтаин, фарон нæ службæ куыд бакуыста, уый. Фæлæ абон уавæр вазыгджын кæй у, уымæ гæсгæ дзурдзынæн ног коронавирусы инфекциимæ баст хъуыддæгтыл. Знон дæр фембæлдтæн депутаттимæ, цы фарстытæ мæм радтой, уыдонæй дыууæйæн мæ бон дзуапп ссарын нæу. Уымæ гæсгæ мæ фæнды сымах хъуыдытæ дæр базонын», — загъта Тыбылы-фырт.

Куыд бафиппайдта, афтæмæй йæ депутаттæ фарстой, цы хæдтæхджытæ нæм æрбатæхы, кæнæ æфсæнвæндагыл цы поездтæ ссæуы, æндæр регионтæй нæм цы машинæтæ æрбафты, уыдон вирусæй бæрæг кæныны, иртасыны фæткæй. «Парламент æмæ Хицауад куы рахæссой, цы транспорт нæм æфты, уыдон бæрæг кæныны уынаффæ, уæд, æнæмæнг, æрлæудзыстæм æппæт уыцы бынæтты. Ныхас цыдис, Уæллаг Ларсыл нæм цы транспорт æрбахизы æндæр бæстæтæй, уыдонимæ дарддæр куыд кусгæ у, цавæр мадзæлттæй, кæимæ… Уый дæр у, дзуапп радтын мæ бон кæмæн нæу, ахæм фарст», — загъта «Роспотребнадзор»-ы регионалон хайады хицау.

Уататы Зелимы фæндыд базонын, пандемийы рæстæг хъæугæ сæрмагонд уæлæдарæсæй куыд æххæст стæм, иннæрдыгæй, рæуджытæ сыгъдæггæнæг аппаратурæйæ ифтонгад. Тыбылты Алан куыд загъта, афтæмæй сæрмагонд уæлæдарæсæй бынтон æххæст не стæм, балхæдтой, рæхджы республикæмæ схæццæ уыдзысты. Аппаратты фарст та хауы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадмæ. Депутат Касаты Таймураз рæгъмæ рахаста ахсджиаг фарст, йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ æппæт кусæндæттæ ифтонггонд уой дезинфекцийы фæрæзтæй,  дæрддзæфæй тæвд чи бары, ахæм медицинон гæрзтæй.

«Цавæр гæрæнты кой кæнæм Ирыстоны, кæд æмæ куыстуæттæм бацæуæнты æппындæр ницавæр дезинфекцион мадзæлттæй пайда кæнынц, уæд? Мæскуыйы уал сфидар кодтой цыппар дезинфекцион гæрæны, уыдоны сæрты хизгæйæ, адæм, транспорт æдасгонд, сыгъдæггонд цæуынц. Махмæ арæнты сæрты машинæ куы ‘рбахиза, уæд æм бакæсдзыстæм, шофырмæ бахуддзыстæм æмæ дарддæр ахæцдзæн. Мæнмæ гæсгæ, ралæууыд бæллæхы кæнæ тохы рæстæг», — загъта Касайы-фырт.

Хъантемыраты Барисы хатдзæгмæ гæсгæ, алы куыстуаты разамонæджы бон дæр у йæ адæмæн дезинфекцийы уавæртæ скæнын, йæхæдæг Интернеты фæрцы дæрддзæфæй тæвдбарæн медицинон гæрзтæ рафыста. «Тыбылы-фырт рацыд нæ размæ, йæ бон уыдис райдзаст, ныфсдæттæг хатдзæгтæ рахæссын, уый та æргомæй загъта, уавæр тæссаг кæй у æмæ нæ иумæ ахъуыды кæнын æмæ бацархайын кæй хъæуы, уый. Ныронг дæр «Роспотребнадзор»-ы кусджытæ бæрнонæй архайынц, æппæт домæнтæ дæр æххæст кæнынц, сæ гæнæнтæм æмæ авналæнтæм гæсгæ», — бафиппайдта депутат.

Арæнты сæрты нæм цы транспорт æрбафты æндæр бæстæтæй, уыдонмæ цавæр цæстдард ис, уый тыххæй ма цыбырæй раныхас кодта мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков. Ирыстонмæ цавæрфæнды транспорт дæр куы æрбафты, уæд сæм ис цæстдард, æппæт бæрæггæнæнтæ дæр æмбырдгонд цæуынц арæнхъахъхъæнæг, таможняйы, мидхъуыддæгты оргæнты иумæйаг архайды фæрцы. «Дарддæр сын сæ адристæ бадæттæм «Роспотребнадзор» æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæмæ, уыдон домæнтæ сæвæрынц фæсарæнтæй, æндæр регионæй æрбацæуæг адæймаджы раз, æмæ сæ æххæст кæнынц», — загъта Михаил Скоков, æрхаста ма æндæр дæнцæгтæ дæр.

Депутат Тохъайты Нох куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Сидтмæ чи байхъуыста, уыдон бамбæрстой, уæззау рæстæг кæй ралæууыд, уый. «Бирæ азты дæргъы æнæмæтæй цы хъуыддæгтæм фæкастыстæм, уыдон ныл абон æвзæрæрдæм фæзындзысты. Æнæниздзинад хъахъхъæнынадæн, медицинæйæн йæ бындуртæ фехалын бауагътам, æмæ ныр цас цæттæ стæм ахæм тæссагдзинæдтæм? Нæ бæстæ у æдзæттæ, вирусы тыххæй ницы зонæм, дарддæр дæр куыд уыдзыстæм, уый бæрæг нæу. Цæгат Ирыстоны ис ахъаззаг гæнæнтæ, хъæбæрнозт æмæ спъиртуадзæн куыстад нæ бон рацаразын у дезинфекцион æмæ антисептикон фæрæзтæ уадзынмæ», — фæнысан кодта Тохъайы-фырт.

Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй Китай бавнæлдта, цы æгъдау æмæ закъонмæ гæсгæ цæрынц, уый бындурыл, æмæ уæззау уавæрæй рахызт. Махмæ ахæм закъон æмæ æгъдау нæй, хъуыддаг инфекцион рынчындæттæ аразынæй нæй банывылгæнæн. Хъуамæ экономикæ æмæ куыстад уой фидар, æмæ афтæмæй цавæрфæнды зындзинады сæрты дæр ис ахизæн. «Нæ бæстæ бырæтты бын фæци, уыдæттæм ссæдзгай азты кæсæм, нæ бон бырæттæкусæн заводтæ аразын нæу. Уырдыгæй та цавæр низтæ æнхъæвзы, уымæн ничи ницы зоны. Хæссын ахæм фæндон, цæмæй Цæгат Ирыстон æвæстиатæй бавнала дезинфекцион æмæ антисептикон æнæмæнгхъæугæ фæрæзтæ уадзынмæ. Цыдæриддæр закъонæвæрынадон, юридикон домæнтæ ис, уыдоны уавæр хынцгæйæ, хъæуы аиуварс кæнын æмæ бавналын нæ хъæбæрнозт уадзæн къабаз ног куыстадмæ раивынмæ», — загъта Тохъайты Нох.

Æмбырды кæрон раныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд бацамыдта, афтæмæй, æцæгæйдæр, уавæр у вазыгджын, кæд мадзæлттæ конд цæуы, уæддæр, егъау бæстæйы цæргæйæ, æппæт бастдзинæдтæ нымайгæйæ, вирусæй зын у бахъахъхъæнын. «Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Сидты, цы Указ бафыста, уым цыдæриддæр мадзæлттæ фыст ис, уыдон хъæуы æххæст кæнын, уæдæ нæхæдæг дæр нырмæ пайда кæнæм æппæт æмбæлгæ мадзæлттæй. Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм адæмы, æмбарын сын кæнæм уавæр, ирон адæм æгъдаумæ гæсгæ цæрынц, фæлæ уæддæр цавæрдæр дзыллон мадзæлттæ хъæуы фæуромын. Зианмæ æнæцæугæ нæй, фæлæ хъæбыстæ æмæ къухтæисын фæуадзын хъæуы. Хъуамæ æмбарæм тæссагдзинад», — фæбæрæг кодта Битары-фырт.

Куыд ма бацамыдта, афтæмæй хойраг æмæ хостимæ къуылымпытæ не ‘руадздзысты, æппæт бæстæйы æмæ дунейы цы экономикон къуырцдзæвæн ралæууыд, уый Ирыстоныл дæр фæзындзæн. Фæлæ хъуамæ æппæт мадзæлттæ дæр конд цæуой, цæмæй куыстуæттæ дæр ма фæцудой, адæмы дæр бахъахъхъæнæм низæй дæр, мæгуырдзинадæй дæр. Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ пайда кæнæм закъонæвæрынадон мадзæлттæй дæр, цæмæй рæстæджы домæнты аккаг уой, уый тыххæй.

 

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here