Техникум цалцæг кæнынц

0
312

Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын техникумы бæстыхайы  раззаг къул бындуронæй цалцæг кæнын райдыдтой. Фæстаг хатт ма реставрацигонд уыди 30 азы размæ.

Аразджытæ къул чъизитæ æмæ  хъуынайæ расыгъдæг кæндзысты. Уымæй уæлдай ма специалисттæ къарнизтæ банывыл кæндзысты, къулы зыхъхъыртæ  байсæрддзысты æмæ йæ сахордзысты.

— Рацарæзт æххæст кæнæм æнæбюджетон фæрæзтæй. Цалцæггæнæн куыстытæ мæйы æмгъуыдмæ конд фæуыдзысты, сæрды та ахуыргæнæндоны алыварс  цъæхвæлыст скæндзыстæм æмæ дзы бордюртæ сæвæрдзыстæм, — зæгъы техникумы директор Бирæгъты Давид.

Амæй  размæ ахуыргæнæндоны тæвдгæнæн системæ банывыл кодтой. Зæронд цæнгæт батарейтæ баивтой алюмин радиатортæй, æфсæн хæтæлтæ та — полипропилен хæтæлтæй. Аразджытæ цалцæг кæнынц техникумы хæрæндон дæр.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here