Сæйрагдæр нысан — республикæйы цæрджыты ног низæфтауæгæй бахъахъхъæнын

0
261

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд республикæйы оперативон штабы радон æмбырд. Фембæлды архайджытæ бæстон æрдзырдтой, коронавирусы низæфтауæгæй республикæйы фæзуат æмæ адæмы бахъахъхъæнынæн цы уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæудзæн, ууыл.

Æмбырды архайдтой æмæ сæ хъуыдытæ загътой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз (уый у штабы разамонæг), Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы Президенты минæварады сæйраг федералон инспектор РЦИ-Аланийы Челæхсаты Владимир, республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг — æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Сæбæтхъуаты Æхсарбег, Томайты Ирбег, Иринæ Азимова æмæ Кæсæбиты Игор, республикæйы Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады, «Росздравнадзор»-ы, «Роспотребнадзор» æмæ æндæр федералон ведомствæты регионалон управлениты разамонджытæ.

Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы æмбырды архайæг уыдысты республикæйы муниципалон скондты разамонджытæ дæр.

Фембæлды райдайæны Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Президент Владимир Путин 25 мартъийы бæстæйы адæммæ йæ Сидты цы нысантæ сæвæрдта, уыдон афойнадыл æмæ æххæстæй царды рауадзын кæй хъæуы, уый.

Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, афтæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн фæйнæ 75 мин сомы æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытæн фæйнæ 50 мин сомы бæрц фиддонтæ хъуамæ уæрст æрцæуой майы бæрæгбæтты агъоммæ.

Хæстæгдæр æртæ мæйы дæргъы та, Президенты амынддзинадмæ гæсгæ, ныййарæджы капиталы тыххæй сертификатты хицæуттæ чи сси, уыцы бинонтæн хæстæгдæр æртæ мæйы дæргъы иу сывæллоны хыгъдмæ уæлæмхасæн лæвæрд цæудзæн фæйнæ 5 мин сомы бæрц (3 азы кæуыл нæма сæххæст, уыцы сывæллæтты хыгъдмæ).

Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм паддзахадон æххуыс ныртæккæйы уавæрты уæлдай ахсджиаг у, уымæн æмæ рæвдауæндæттæ рæстæгмæ нæ кусынц æмæ ныййарджытæй бирæты бахъæуы сæ сывæллæттимæ хæдзары бадын.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан йæ доклады куыд фæнысан кодта, афтæмæй медицинон кусджытæ дарддæр сæ цæст дарынц, 14-бонон карантины чи ис, уыцы адæмы уавæрмæ. Уыимæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, абоны онг Цæгат Ирыстоны коронавирусæй рынчын адæймæгтæ нæ рабæрæг. Министр куыд загъта, афтæмæй бæстон æххæстгонд цæуынц æппæт санитарон мадзæлттæ дæр, æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæндæттæм афойнадыл æрвыст цæуынц æппæт хъæугæ хостæ дæр.

Низæфтауæгæй хъахъхъæнæн фæрæзты кой кæнгæйæ, Годжыцаты Тамерлан куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы рынчындæтты медицинон маскæтæ фаг ис. Цæгат Ирыстоны промышленност æмæ транспорты министр Мæрзойты Владимир та куыд фехъусын кодта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг республикæйы куыстуæттæй иу райдайдзæн ахæм маскæтæ уадзын.

Монополиты ныхмæ архайды федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Плиты Раман йæ раныхасы бæстон æрлæууыд, базарадон организацитæ хойраджы продукттæ æмæ æндæр фыццаградон товартæй куыд æфсæст цæуынц, ууыл. Управленийы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, специалисттæ иудадзыгдæр сæ цæст дарынц æргътæм. «Æргътыл зынгæ бафтыд, зæгъгæ, ахæм цаутæ нæма рабæрæг кодтам», — загъта Плийы-фырт.

Республикæйы Сæргълæууæг Экономикон рæзты æмæ Финансты министрадты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй хъалонты службæйы минæвæрттимæ иумæ бæстон сæ цæст дарой, республикæйы экономикæйы къабæзты цы уавæр æвзæры, уымæ. Уымæй уæлдай, йæ ныхасмæ гæсгæ, бакусын хъæуы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады компанитæн уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттыл.

Æппæт бæрнон ведомствæты докладтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй низæфтауæг парахат кæнынæн гæрæнтæ сæвæрыны хъуыддаджы уæлдай ахсджиаг у, сæвзæргæ уавæрты алкæцы адæймаг дæр йæхи куыд дары, санитарон æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæст кæны, уый дæр.

— Уавæр æцæгæйдæр вазыгджын æмæ тæссаг кæй у, уый алчидæр хъуамæ æмбара. Æмæ, цæмæй коронавирусы низæфтауæг ма рапарахат уа, уый тыххæй, граждайнаг бæрнондзинад æвдисгæйæ, алчидæр хъуамæ ахадгæ хуызы æххæст кæна æппæт медицинон амынддзинæдтæ дæр, — бафиппайдта республикæйы разамонæг.

Уыимæ, Битарты Вячеслав барадхъахъхъæнæг оргæнтæ æмæ Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты бæрнон кусджытæм фæсидт, цæмæй карз æфхæрой, ног низæфтауæджы тыххæй мæнг хабæрттæ чи парахат кæны, уыдоны. «Хъыгагæн, нæ алыварс ис, ахæм æнæбындур хабæрттæй спайда кæнгæйæ, республикæйы уавæр скарз кæныныл чи архайы, ахæм адæм. Уыдонæй закъоны бындурыл æрдомын хъæуы бæрнондзинад», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here