БИТАРТЫ Вячеслав: «Хицауады сæйрагдæр хæс у республикæйы адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæнын»

0
239

Хицауады оргæнты сæйрагдæр хæс ныртæккæ у адæмы æнæниздзинад æмæ цард бахъахъхъæнын, сæвзæргæ эпидемиологон уавæры рæстæг ахсджиаг у не ‘мзæххонтæн санитарон æдасдзинады уагæвæрдтæ бæстон амонын æмæ лæмбынæг æххæст кæнын санитарон-гигиенон домæнтæ æмæ хииппæрддзинады фæтк.

Ахæм хъуыдыимæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав раныхас кодта, республикæйы хицауады æххæстгæнæг оргæнтæ æмæ муниципалон скондты разамонджытæн цы уæрæх æмбырд уыд, уым.

Оперативон штабы бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, республикæйы Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ног низæфтауæгæй рынчынтæ республикæйы нæ рабæрæг. Фæлæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, уыцы æууæл бынтон æдыхст уæвынæн фадат нæ дæтты.

— Хицауады оргæнты сæйрагдæр хæс у республикæйы адæмты бахъахъхъæнын. Ног низæфтауæг республикæйы фæзуатмæ æрбафтын æмæ парахат кæнынæн гæрæнтæ сæвæрыны фæдыл фидаргонд æрцыд сæрмагонд Указ. Федералон агентад «Роспотребнадзор» цы санитарон-гигиенон домæнтæ сфидар кодта, уыдон æххæст кæныны фæдыл саразын хъæуы уæлæмхасæн бæлвырд мадзæлттæ. Уыцы домæнтæ æнæкъуыхцыйæ хъуамæ æххæстгонд цæуой фыццаджы-фыццагдæр базарады кусæндæтты (ныхас цæуы дезинфекци æмæ æндæр ахæм санитарон цæстдарды мадзæлттыл). Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фæтк æнæмæнг æххæст кæнинаг у, сæ куыст кæмæн нæ баурæдтой, æппæт уыцы организациты дæр. Хицауады æххæстгæнæг республикон æмæ бынæттон оргæнты разамонджытæм сидын, цæмæй уыцы мадзæлттæ æххæст кæныны хъуыддагмæ бæстон цæстдард уа «Роспотребнадзор»-ы специалисттимæ иумæ, — фæнысан кодта Битарты Вячеслав.

Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй пъæлицæйы патрулон къордтæ дæр адæмы ‘хсæн кæнынц профилактикон-æмбарынгæнæн куыст. Уыцы архайдмæ се ‘ргом хъуамæ раздахой фæсивæдон организацитæ æмæ бархионты змæлды минæвæрттæ дæр. Уый фæдыл бæлвырд амынддзинæдтæ лæвæрд æрцыд Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Русланæн.

Ахæм бæлвырд амынддзинæдтæ республикæйы Сæргълæууæг радта Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбегæн, фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис æмæ иннæ бæрнон кусджытæн.

Кæронбæттæны Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй фыццаградон цæстдард хъуамæ уа, Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы хъæууон районты æнæкъуыхцы цардархайдыл комкоммæ чи ахады, уыцы организациты куыстмæ.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

пресс-службæ

 

Фарн уæм бадзурæд,

хорз адæм!

Иууылдæр æй зонут, канд Ирыстон æмæ Уæрæсейыл нæ, фæлæ æгас дунейыл дæр ацы тæссаг хæцгæ низы аххосæй цы уæззау бонтæ скодта, уый.

Хуыцауы хатыр бакæнут, фæлæ дзы нæхæдæг нæхи куы нæ бахъахъхъæнæм, уæд нын ничи баххуыс кæндзæн. Уымæ гæсгæ уæ уый курæг стæм æмæ ÆДДÆМÆ (уынгтæм, æхсæнадон бынæттæм) æнæхъуаджы МА ЦÆУТ! Дохтырты ныхæстæм хъусут! Уæхи дæр æмæ уæ бинонты дæр стыр фыдбылызæй бахизут!

 

Хæдзары бадут!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here