Гасситы Мурат тырны ног тохтæм

0
394

Ирыстоны спортуарзджытæ арæх фæрсынц, сæ уарзон боксер Гасситы Мурат ногæй ринджы кæд фендзысты, уымæй. Адæм æй канд йæ сæрæн архайды тыххæй нæ бауарзтой, фæлæ ма рингæй уæлдай йæхи рæсугъд æгъдауылхæцæг лæгæй кæй равдыста, уый тыххæй дæр.

Ахæм спортсментæн сæ алы рацыдмæ дæр спортуарзджытæ тынг цыбæлæй фенхъæлмæ кæсынц. Мурат дыууæ азы дæргъы ерысты нæ архайдта. Уымæн йæ аххосæгтæ уыдысты: йæ уæхск операцигонд куы ‘рцыд, уæд уый фæстиуджытæ. Уыцы операцийы фæстæ ма ноджыдæр  йæ иннæ цæфы фæстæ, ивд æрцыд, фарон Джо Дайвекоимæ йын цы фембæлд хъуамæ уыдаид, уый дæр.

Мурат уый фæстæ бирæ рæстæг йæхи цæттæ кодта, ацы аз ын Джерри Форрестимæ цы тох нысангонд уыд, уымæ. Хъыгагæн, уый дæр ивд æрцыди, ерысаразджытæ иу зондмæ кæй не ‘рцыдысты, уый аххосæй.

Мурат йæхæдæг йæ абоны уавæры тыххæй зæгъы: «Царды, æвæццæгæн, иудадзыг лæгъз фæндæгтыл цæуынæн фадат нæ вæййы. Спорт куы райсæм, уæд уым дæр æрмæстдæр уæлахизтæй райдайæнæй кæронмæ никæй цардвæндаг ацыди. Алцæмæ дæр цæттæ уæвын хъæуы. Мæн фæстаг дыууæ азы бафæразын бахъуыд, фæд-фæдыл цалдæр операци æмæ æндæр аххосæгты тыххæй цы къуылымпыдзинæдтæ рауад, уыдонæн, фæлæ мæм спорт ныууадзыны зонд  не ‘рцыд. Зонын æй, мæ иузæрдион фарсхæцджытæ мæ ногæй ринджы фенынмæ кæй бæллынц, уый æмæ зæрдиагæй архайын мæхи ног тохтæм бацæттæ кæныныл. Мæ иннæ тох кæд æмæ кæимæ уыдзæн, уый бæрæг нæма у. Нæ фæндтæ нын фæкъуылымпы кодта, ног хæцгæ низ æгас дунейыл кæй ахæлиу, уый. Ныртæккæ, иуæй бабыхсын хъæуы, иннæмæй та цæттæ уæвын хъæуы фидæны ерыстæм. Уыдон, æнæмæнг, кæй уыдзысты, уый мæ уырны. Мæхи цæттæ кæнын æппæты уæззаудæр уæзы тохтæм. Уыцы уæзы мын уыд цалдæр фæлварæн тохы, фæлæ ныр нæ нысан у рейтингон тохтæм рахизын. Уый тыххæй кусын хъæуы æвæллайгæйæ æмæ æз, мæ тренертæ Сланты Витали æмæ Абель Санчесимæ мæ тых — мæ бонæй архайдзынæн мæхи хорз бацæттæ кæныныл. Тынг мæ фæнды нæ Ирыстоны спортуарзаг адæмы зæрдæтæ барухс кæнын».

Мах дæр уырны, нæ курдиатджын боксеры ногæй уæлахиздзауæй кæй фендзыстæм, ног стыр бæрзæндтæм схизын ын кæй бантысдзæн, уый.

Дæ хуыздæр фæндтæ сæххæст уæнт, Мурат — «Ирон»!

 

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here