Пенситæ карантины заман

0
625

Уæрæсейы Пенсион фонд пенситæ рагацау барвыста адæммæ хæццæгæнæг кусæндæттæм. Æфснайæн банчы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныридæгæн фылдæр пенсиисджытæ сæ пенситæ райстой.

Ныртæккæ Пенсион фонды специалисттæ кусынц карантины уæвæг пенсиисджытæн æхца сæ хæдзæрттæм хæццæ кæныны фæткыл.

Хи фæиппæрд кæныны фæтк чи æххæст кæны, уыцы адæймагæн ныртæккæ пенси райсыны бар ис, пенсиисæг йæхæдæг йæ хионыл, кæнæ æндæр адæймагыл кæй саразы, ахæм æууæнчы гæххæтмæ гæсгæ. Уымæй уæлдай ма посты хайæдтæ хæдзæрттæм пенситæ хæццæ кæнынц, раздæр куыд кодтой, афтæ.

Æхсæвæй-бонæй лæггадкæнынады тæлмыты банкоматтæ æмæ информацион-фиддонты терминалтæ  кусынц стандартон фæткмæ гæсгæ.  Æфснайæн банк йæ æхцавæрджытæн хæссы банчы дæрддзæфон лæггæдтæй пайда кæныны, офистæм ма цæуыны, стæй «Роспотребнадзор»-ы æмæ муниципалон разамынды оргæнты уынаффæтæ æххæст кæныны фæндон. Æппæт онлайн-лæггæдтæ дæр кусынц æнæкъуылымпыйæ.

Уæрæсейы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайад пенситæ, пособитæ æмæ æндæр фиддонтæ æвæрыны, фидыны æмæ сæ адæммæ хæццæ кæны фидаргонд фæткмæ гæсгæ.

Пенсион фонды лæггæдты фылдæр хайæ бæстæйы Пенсион фонды сайты  «Хи кабинет»-ы спайда кæнæн кæй ис, уый адæмы зæрдыл лæууын кæнæм æмæ фæсивæдæн фæдзæхсæм, хистæр фæлтæрæн Уæрæсейы Пенсион фонды электронон лæггæдтæй пайда кæнын сахуыр уæвынæн æххуыс кæнын.

Уæрæсейы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады «æвæстиатон бастдзинад»-ы телефон: 51-80-92.

Æфснайæн банчы æххуыскæнынады службæйы æхсæвæй-бонæй кусæг телефон:         8-800-555-55-50.

 

КЪНАТТАТЫ

Маринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here