Ныхас — медицинон кусæндæтты сæйраг дохтыртимæ

0
628

Цæгат Ирыстоны дарддæр йæ куыст кæны коронавирусы инфекци парахат кæнынæн гæрæнтæ сæвæрыны фарстыты фæдыл сæрмагонд республикон штаб. Уыцы рæстæгмæ структурæйы архайды фæлгæты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз видеоконференцийы бастдзинады фæрцы фембæлд республикæйы медицинон кусæндæтты сæйраг дохтыртимæ.

Уæззау низæфтауæгимæ тохы хъуыддаджы цы мадзæлттæ арæзт цæуы, стæй ма хæстæгдæр рæстæг цавæр фадæттæй спайда кæнын хъæуы, уый фæдыл ныхасы архайдтой Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Иринæ Азимова æмæ Кæсæбиты Игорь, министрадтæ æмæ ведомствæты, стæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы службæты минæвæрттæ.

Фембæлды райдайæны Тускъайы-фырт куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ медицинон кусджытæ архайынц уæлдай вазыгджын æмæ тыхст уавæрты. Уыцы æууæл хынцгæйæ, уæлдай ахсджиагдæр сты медицинон кусæндæттæ æмæ дохтыртæн сæхи ифтонгдзинады фарстытæ.

Ныхасы архайджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй рынчындæтты фаг ис хæцгæнизты ныхмæ хъæугæ хостæ, стæй хи хъахъхъæнынадон фæрæзтæ æмæ æмбæлгæ анализтæ кæныны тесттæ. Уымæй уæлдай, хæстæгдæр рæстæг рынчындæттæм æрвыст æрцæудзæн ахæм хостæ æмæ фæрæзты уæлæмхасæн бæрцытæ. Сæвзæргæ æууæлтæ хынцгæйæ, ног фæткмæ раивтой тагъд медицинон æххуысы станцæ æмæ амбулаторон-поликлиникон уагдæтты куыст дæр.

Фембæлды архайджытæ цы фиппаинæгтæ загътой æмæ фæндæттæ бахастой, уыдоны фæдыл хаст æрцыд бæлвырд уынаффæтæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй бон раздæр УФ-йы Президент Владимир Путин цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым фарст сæвæрдта, цæмæй зынгæ фæфылдæр уа, коронавирусæй рынчынтимæ чи архайы, уыцы медикты мызд. Медицинон кусджытæн ахæм уæлæмхасæн мызд фиддзысты, апрелæй райдайгæйæ, хæстæгдæр æртæ мæйы дæргъы. Афтæ, рынчынты ацы къордимæ чи архайы, уыцы дохтыртæн уæлæмхасæн фиддон уыдзæн 80 мин сомы, медицинон хотæн, фелсыртæ æмæ астæуккаг къæпхæны иннæ специалисттæн — 50 мин сомы æмæ кæстæр къæпхæн медицинон кусджытæн — 25 мин сомы. Уæлæмхасæн мызд райсдзысты, коронавирусæй рынчынтимæ чи архайы, тагъд медицинон æххуысы станцæты кусджытæ дæр.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here