Рынчынтыл ноджыдæр бафтыд

0
270

Коронавирусæй чи фæрынчын, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 121 адæймаджы.

Ахæм бæрæггæнæнтæ знон фехъусын кодта «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ.

«Коронавирус низæфтауæг кæмæ рабæрæг, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 121 адæймаджы. Афтæмæй сæ иумæйаг бæрц ныртæккæ у 670 адæймаджы», — радзырдта управленийы пресс-службæйы минæвар.

Уымæй уæлдай, хииппæрддзинады фæткмæ гæсгæ чи архайы æмæ дохтырты цæстдарды бæрны чи ис, уыцы адæмы нымæц абоны онг у 1162. Ныронг дыууæ къуырийы дæргъы хииппæрддзинады фæтк чи æххæст кодта æмæ, низæфтауæг кæмæ нæ разынд, уыцы 2524 адæймаджы систой медицинон цæстдардæй.

Уыимæ, “Роспотребнадзор”-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 72 адæймаджы коронавирусæй сдзæбæх сты.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here