Хæрзаудæн акци

0
270

Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы дзыллон хæрзаудæн акци «Мах иумæ стæм». Уый тыххæй фехъусын кодтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады.

Пресс-службæйы минæвар куыд радзырдта, афтæмæй абоны онг акцийы штабы кусджытæ цыбыркъух бинонтæ æмæ иннæ æххуысхъуаг адæмæй райстой 3 мин куырдиатæй фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, гæнæн æмæ амалæй адæмæн лæвæрд цæуы алыхуызон æххуыс.

Уыимæ, бонæй-бонмæ фылдæр кæны, акцийы архайынвæнд чи скодта, уыцы хæрзаудæг адæм æмæ волонтерты нымæц. Уыдонæй фыццæгтæ се ‘ххуысы хай хойраджы продукттæ æмæ æндæр товарты хуызы æрвитынц акцийы штабмæ, дыккæгтæ та сæ афойнадыл хæццæ кæнынц æххуысхъуаг адæммæ. «Абоны онг нæ штабмæ бирæ адæм æрбацыдысты сæ хуынтимæ. Алыхуызон организациты минæвæрттæ, бизнесментæ, зындгонд спортсментæ, культурæйы кусджытæ æмæ иннæтæ — алкæй дæр сæ фæнды йе ‘вæрæн бахæссын нæ иумæйаг хæрзаудæн архайдмæ», — загъта Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады æххæсткомы разамонæг Гæлиты Клим.

 

БÆДТИАТЫ Оксанæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here