Ныхас Уæрæсейы футболы фидæныл

0
280

Æгас дуне дæр цы хæцгæнизы азары бафтыд, уый фæстиуджытæ алы бæстæты экономикæ æмæ царды уагыл хорзæрдæм кæй нæ фæзындзысты, уый бæрæг у. Æнæмæнг уый лыггæнинаг фарстытæ сæвæрдзæн спортивон змæлды размæ дæр. Уæлдай лæмбынæгдæр ахъуыды кæнын бахъæудзæн профессионалон спорты хъысмæтыл. Æвæццæгæн,   уый тынгдæр хауы футболон клубтæм.

Уæрæсейы профессионалон футболы чемпионаты дарддæры хъысмæтыл дзургæйæ, йæ хъуыдытæ загъта Уæрæсейы сгуыхт тренер, Паддзахадон Думæйы национ хъуыддæгты комитеты сæрдар Гæззаты Валери. Йæ фæндмæ гæсгæ, Уæрæсейы зынгæ фæкъаддæр кæнын хъæуы профессионалон клубты нымæц. Уый хыгъд уæлдæр къорды чемпионаты хъазæг командæты нымæц фæфылдæр кæнын хъæуы 16-æй —  18-мæ. «Цыфæнды зын уавæрæй дæр хъæуы пайдахæссæг хаццæгтæ скæнын. Ныртæккæйы уавæр нæ домы ахъуыды кæнын нæ футболы дарддæры рæзтыл. Раст уаид уæлдæр къорды командæтæ 16-ы бæсты 18 скæнын. Уый хыгъд дыууæ хатты фæкъаддæр кæнын хъæуы, 2-аг къорды цы командæтæ хъазы, уыдоны нымæц. Раивын хъæуы  1-аг къорды командæты чемпионаты арæзт дæр. Растдæр уыдзæн ацы къорд æртæ дихы акæнын. Афтæ куы скæнæм, уæд зынгæ фæкъаддæр уыдзысты, Уæрæсейы Европæйы хайæ Дард Хурыскæсæн æмæ Сыбырмæ тæхынмæ цы хæрдзтæ кæнынц, уыдон. Зонæм æй, ныр бирæ клубтæ зын уавæры бахаудзысты, финансон æгъдауæй сæ гæнæнтæ кæй фæцыбырдæр уыдзысты, уый аххосæй. Уый та баст у, нæ паддзахадон бюджеты стыр хæрдзтæ кæнын кæй бахъæудзæн нæ экономикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон фарстыты сæ раздæры уавæрмæ раздахынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ футболон клубтæн æхцайы фæрæзтæй чи æххуыс кæны, уыцы компанитæн дæр сæ авналæнтæ, зынгæ фæцыбырдæр уыдзысты. Уыдæттæ хынцгæйæ бахъæудзæн профессионалон клубты нымæц æмбис къаддæр фæкæнын. Зæгъæм, кæд абон æдæппæтæй Уæрæсейы сæдæ клубæй фылдæр ис профессионалон æртæ къорды, уæд дзы хъуамæ баззайа — 54. Уыдонæй 18 хъуамæ уой уæлдæр къорды, 36 та —  1-аг къорды. Ноджыдæр ма иу ахсджиаг фарстыл хъæуы лæмбынæгæй ахъуыды кæнын. Ныртæккæ дунейы бæстæтæн сæ фылдæры арæнтæ æхгæд кæй сты, уый аххосæй зын зæгъæн у, Уæрæсейы чемпионаты цы фæсарæйнаг футболисттæ хъазы, уыдоны уавæр. Бæрæг нæу, чи сæ кæд æрбаздæхдзæн, уый. Ацы уавæр нæ футболон федераци æмæ нæ бæстæйы спорты разамонджыты размæ æвæры ноджыдæр ма иу фарст: футболы легионерты нымæцыл ахъуыды кæнын».

Гæззаты Валери йæ хъуыдытæ раргом кодта газет «Известия»-йы уацхæссæг Павел Бедняковæн. Нырма зын зæгъæн у, царды дзы хъуыддагæй арæзт чи æрцæудзæн, уый, фæлæ нæ бæстæйы спортивон царды цыд кæмæй аразгæ у, уыдоны бахъæудзæн дысфæлдæхтæй бакусын, цæмæй, цы уавæры бахаудыстæм, уым æгæр ма фæкъуылымпы уæм, уый тыххæй.

Уæрæсейы футболон командæты чемпионаттæ урæд æрцыдысты 17 мартъийы. Европæйы футболон Иугонды (УЕФА)-йы фæндонмæ гæсгæ, футболон ерыстæ райдайдзысты æрмæстдæр июны. Европæйы бæстæты чемпионаттæ хъуамæ фæуой июлы кæронмæ. Уæрæсейы уæлдæр къорды чемпионаты командæтæн ма баззад фæйнæ 8 хъазты акæнын, фыццаг æмæ дыккаг къордты командæтæн та фæйнæ 9-11 хъазты. Уæрæсейы чемпионаттæ аразджыты ныфс ис, алы къорды уæлахиздзаутæ дæр июлы кæй сбæрæг уыдзысты, уымæй.

Ирыстоны футболуарзджытæ тынг цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц, дыккаг къорды чемпионат кæд райдайдзæн, уымæ. Тынг сæ уырны, нæ «Алани»-йы размæцыд карантин кæй нæ бауромдзæн, æмæ ацы аз нæ футболисттæ Уæрæсейы футболон чемпионаты фыццаг къордмæ кæй схиздзысты, уый!

 

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here