Ног низыхатт кæй ахæлиу, уый нымайгæйæ, Уæрæсейы Хицауад, Паддзахадон Думæйы депутаттæ, УФ-йы Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад иумæ архайынц сæвзæрæг уавæрты коммуналон хæрдзтæн фидыны хъуыддаг адæмæн фенцондæр кæныныл.
Адæмæн сæ фылдæр ныртæккæ бадынц сæ хæдзæртты, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, коммуналон лæггæдтæй кæнынц фылдæр пайда. Эксперттæ рагацау куыд банымадтой, афтæмæй ма ахæм уавæр цыппар къуырийы онг куы ахæсса, уæд, зæгъæм, æртæ адæймаджы цы бинонты ис, уыдоны сæ коммуналон лæггæдтæн фидын бахъæудзæн, раздæр цы фыстой, уымæй 30 проценты фылдæр. Уымæ гæсгæ, депутаттæ кусынц адæмæн сæ коммуналон фиддонтæ фæрогдæр кæныны мадзæлттыл. Зæгъæм, разамынддæттæг, стæй коммуналон хъæбæр æппарæнтимæ кусæг компанитæн сæ лæггæдтæн адæм афойнадыл кæнæ æххæстæй куы нæ бафидой, уæд сын уыдон пеня хъуама ма банымайой, стæй сæ лæггæдтæй дæр фæлхасгæнджыты æнæхай ма фæкæной. Афтæ — цæрæнуатæн фидыны æмæ бындурон цалцæгæн фидыны пеня дæр. Ахæм мадзæлтты фæрцы цæрджытæ æнцондæрæй хъуамæ рацæуой, коронавирус цы уавæр расайдта, уымæй.
Пандемийы рæстæгмæ уал адæмы коммуналон лæггæдтæй бынтондæр суæгъд кæныныл дæр ныхас цыд, фæлæ ацы фæндонимæ депутаттæн сæ фылдæр не сразы, стæй УФ-йы Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад дæр ахæм хъуыды хорзыл нæ банымадта, уымæн æмæ, дам, ацы къабаз æнæуи дæр зындзинæдтæ æййафы иннæтæй фылдæр, æмæ йын æппындæр нæ фидынæн гæнæн нæй.














