Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы зынаргъ цæрджытæ!

0
410

Æмбæстæгтæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын нæ ахъаззагдæр бæрæгбон — Уæлахизы 75 азы фæдыл!

1945 азы 9 Май — советон адæмы Уæлахизы бон гитлерон Германыл æнустæм уыдзæн, ссæдзæм æнусы æппæты ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæр цау, лæгдзинад æмæ фидардзинады, Фыдыбæстæмæ уарзондзинады æмæ йыл æнувыд уæвыны нысан. Мах ыл æмбæлæм, хæстон фæлтæртæн кад кæнгæйæ, уыдоны фæрцы нæ бæстæ æмæ æппæт дуне фервæзтысты æвирхъаудæр фыдбылыз — нацизмæй.

Ацы аз нымад æрцыд Мысыны æмæ кады азыл, уый махæн тынг ахсджиаг у, уæлдайдæр — фæсивæдæн. Уыдонмæ хауы фыдыбæстаг хъæбатырдзинады истори бахъахъхъæнын, фашистты æрдонгтимæ тохы бацæугæйæ,  бæстæйы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад чи бахызта, уыдоны нæмттæ мысын. Уæлахиз къухы бафтыд нæ бæстæйы бирæнацион адæмы æгæрон хъæбатырдзинады фæрцы, стыр зиантæ бавзæрстам. Иунæг ахæм  бинонтæ дæр нæ уыд,  хæст сæ рухс цард кæмæн нæ  фехæлдта, маст, рыст, цæстысыг, фыдбонтæ кæмæн нæ бавзарын кодта. Иннæрдæм сын рафæлдæхта сæ хъысмæттæ, æрхаста сын хъизæмæрттæ, бæллæхтæ.

Цавæр диссаджы фидар разындысты, цавæр  быхсондзинады, хъаруйы  хицау уыдысты, цæмæй уыцы карз æвзарæнтæн, хъысмæты цæфтæн ныффæразгæйæ, цыфыддæр знагыл фæуæлахиз уой?! Ныффæрæзтой, фæтых, фæуæлахиз ыл сты! Æнусон уæд  фронтты, партизанты къордты знæгтимæ чи хæцыд, фæсчъылдым чи фæллой кодта, концлагерты чи нæ фæцудыдта, уыцы хъæбатырты кад æмæ намыс! Уый уыдис иумæйаг змæлд, тырнындзинад, цытджын историимæ баст цæрджыты иумæйаг хъæбатырдзинад. Æнцой та кодта Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзондзинад æмæ æууæнкыл.

Махæй рох  нæ уыдзысты, хæстмæ чи ацыд, уыцы æмбæстæгты нæмттæ. Уыдысты 90 мин адæймагæй фылдæр, хæцыдысты сур зæххыл, арвы тыгъдады, денджызы. Цæгатирыстойнæгтæ алы ран дæр сæхи равдыстой уæндонæй, æнæфæцудгæйæ, тох кодтой знагимæ, тардтой йæ нæ бæстæйæ. Сыгъдæг цæсгомæй хъахъхъæдтой Фыдыбæстæ, сæ мадæлты, сæ сывæллæтты, фыдыуæзæг. Гитлерон æрдонгтæ æрбахæццæ сты Цæгат Ирыстонмæ æмæ ам, Дзæуджыхъæуы бынмæ, Æрджынарæджы, Мæздæджы ‘рдыгæй æрцыд стыр тугныккæлдтытæ. Нæ бацауæрстой сæхиуыл не ‘фсæдтæ, ардыгæй  фæсырдтой немыцæгты , уымæй хæсты цыд цæхгæр аивта.

Теркæй Сталинградмæ, Мæскуыйæ Прагæмæ, Венæйæ Берлинмæ адард сты не ‘взыгъд хæстонты фæндæгтæ, сæ хъæбатырдзинад, сæ лæгдзинады тыххæй хорзæхгонд систы бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ æмæ бæрзонд хæстон цинтæй. Нæ республикæйы цæрджытæй 79 радтой Советон Цæдисы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалытæ, 12 та систы Намысы ордены æххæст кавалертæ.

Знаджы ныхмæ хæцынмæ чи ацыд, уыцы цæгатирыстойнæгтæй алы дыккаг дæр фæстæмæ нал сыздæхт. Не ‘мбæстæгты хъæбатырдзинад, сæ рухс нæмттæ нæ рох не сты, фыст æрцыдысты цыртдзæвæнтыл, мемориалты, чингуыты, мысинæгты. Æнæмæнг, баззайдзысты Цæгат Ирыстоны хъæбатырдзинад æвдисæг азфысты. Уый у нæ истори, мах дзы сæрыстыр стæм, кæстæр фæлтæртæн æй фæдзæхсæм, уадзæм сын æй, куыд æппæты зынаргъдæр хæзнатæ æмæ бынтæ, афтæ.

Уадз æмæ ацы ахсджиагдæр бæрæгбон — Уæлахизы 75 азы бон суæд Фыдыбæстæйы лæгдзинады, хъæбатырдзинады историйæн аккаг аргъ, кад, бузныгад кæныны фæрæз, нæ уарзон Уæрæсейы сæраппонд рæсугъд æмæ фæрнджын хъуыддæгтæ аразыны ахъаззаг гæнæн!

Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд, зынаргъ ирыстойнæгтæ! Æнæниз æмæ фидардзинад нæ ветерантæн, сабырдзинад, амонд, бæллиццаг абон æмæ фидæн Цæгат Ирыстонæн æмæ Уæрæсейæн!

БИТАРТЫ Вячеслав,

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here