РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав видеобастдзинады бындурыл архайдта, Уæрæсейы Президент Владимир ПУТИН кæй амыдта, уыцы æмбырды. Сæйраг ныхас рауад экономикæ æмæ социалон къабазæн æххуысы мадзæлттæ царды уагъд куыд цæуынц, ууыл. Фæбæрæг ма кодтой, ног коронавирусон хæцгæниз ма ‘руадзыны тыххæй сæрмагонд уавæрæй сындæггай рацæуыны нысантæ.
Цæгат Ирыстонæй ма селекторон æмбырды архайдтой Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, йæ хæдивджытæ Иринæ Азимова, Годжыцаты Тамерлан, сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир, экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег.
Æмбырды куыд загътой, афтæмæй экономикæ æмæ социалон къабæзтæн æххуысы мадзæлттæ конд цыдысты кæрæдзийы фæдыл, уæрæхдæргæнгæ, кæмдæрты-иу кæрæдзи баххæст кодтой. Уыцы ахсджиаг уынаффæты æхсæн — сывæллонджын бинонтæн, медицинон кусæндæтты æмæ тагъд æххуысы службæты кусджытæн комкоммæ фиддонтæ, 1 мартъийы фæстæ рæстæгмæ йæ куыстæй чи фæхауд, уыдонæн æхцайы уæлдæргонд æххуыс, куысты бынæттæ æмæ кусджыты чи бахъахъхъæдта, уыцы организацитæн паддзахадон субсидитæ æмæ мызд бафидыны льготæтимæ æфстæуттæ, хъалонтæ, æфстæуттæ æмæ хаццоны фиддонты æмгъуыдтæ дарддæргонд æрцыдысты. Æркастысты-ма æххуысы æппæт мадзæлттæ царды куыд æнтысынц, уымæ дæр.
Владимир Путин бæстæйы Хицауад, «Роспотребнадзор» æмæ Паддзахадон советы кусæг къорды амынддзинæдтæ нымайгæйæ, бафæдзæхста регионты разамонджытæн, цæмæй 11 майæ фæстæмæ цыбыргонд гæрæнты фæткæй рахизыны пълантæ бацæттæ кæнын. «Куыд уынæм, афтæмæй регионты хæцгæниз парахат кæнынимæ уавæр у алыхуызон, куыд загътон, афтæмæй низ ма ‘руадзыны мадзæлттæ кæмдæр сты карздæр, æмæ уал сæ афтæмæй уадзын хъæуы, чи зоны, ма сыл бафтауын дæр хъæуы, æндæр ран та хъуамæ фæфæлмæндæр уой. Æрмæстдæр æнцой кæнын хъæуы ахуыргæндтæ, специалистты хатдзæгтыл, нымад цæуой æппæт тæссагдзинæдтæ», — бафæдзæхста Уæрæсейы Президент.
Владимир Путин куыд бацамыдта, афтæмæй низ ма ‘руадзыны гæрæнтæ сисыныл тагъд кæнын нæ хъæуы, фæлæ уыцы фæткæй рахизыны пълантыл хъæуы кусын. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æнæрхъуыды, тагъд митæй зиан æрхæссæн дæр ис. Алы рæдыд дæр баст у адæмы æнæниздзинад æмæ æдасдзинадимæ. Уымæ гæсгæ алы уынаффæйæн дæр хъуамæ йæ бæрндзинад æмбæрст уа.
Цæгат Ирыстоны дæр æппæт бæстæйы æмхуызон фидаргонд æрцыдысты бæрзонд цæттæдзинады мадзæлттæ. Ацы уавæрты дæр республикæйы разамынд архайы экономикæ бахъахъхъæныныл. Сфидар кодтой æнæбюджетон фондтæ, фылдæргæнгæ цæуы комкоммæ социалон æххуыс. Социалон службæтæ къæрцхъусдæр сты æвæрæз бинонтæм, рæвдз кусынц бархионты къордтæ, уыдон уæззау уавæры бахауæг бинонтæ æмæ адæймæгтæн æхуыс кæнынц хойрагæй, æндæр фæрæзтæй.
Республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад бавнæлдтой сæрмагонд уавæрты се ‘фтиæгтæ кæмæн фæкъаддæр сты, уыцы бинонтæн иухаттон æххуыс фидынмæ. Ныронг ахæм æххуыс райстой 2500 бинонтæ. Республикæйы Хицауад ма мадзæлттæ аразы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн баххуыс кæныны тыххæй.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














