Информацион агентад ИТАР-ТАСС æмæ Фæсбайкалы крайы Ахуырады министрад куыд фехъусын кодтой, афтæмæй федералон программæ «Хъæуккаг ахуыргæнæг»-мæ гæсгæ цæгатирыстойнаг ахуыргæнæг кусынмæ ацæудзæн уыцы регионмæ.
«Программæ «Хъæуккаг ахуыргæнæг»-мæ гæсгæ конкурсон уагæй Фæсбайкалы крайы кусынмæ кæй равзæрстой, уыцы 22 ахуыргæнæджы нæмттæ бæлвырдгонд æрцыдысты. Ацы адæммæ хауынц Фæсбайкалы крайæ — дæс, Республикæ Буряти æмæ Хабаровскы крайтæй — фæйнæ цыппары, Амуры æмæ Ростовы облæсттæй, стæй Удмурти æмæ Цæгат Ирыстонæй та — фæйнæ иуы», — фыст ис хъусынгæнинаджы.
Ведомствæйы минæвар куыд зæгъы, афтæмæй ахуыргæнджытæ кусын райдайдзысты ног ахуыры аз. Фæллойадон бадзырдмæ гæсгæ, куысты хæстæ фондз азы дæргъы æххæстгæнæг ахуыргæнджытæн бафиддзысты фæйнæ 2 милуан сомы. Программæйы архайджытæ се ‘хцатæ бахардз кæндзысты, сæхи куыд бафæнда, афтæ.












