Хæрзаудæн акци

0
388

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславы фæдзæхстмæ гæсгæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йæ æвзæрст депутаттæ æххуыс кæнынц фæкæсинаг адæмæн.

Æрвылбон цыбыркъух æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн, стæй иунæгæй цæрæг пенсиисджытæ æмæ сахъат адæймæгтæн радтынц æппæтæй хъæугæдæр хойрæгтæ — ссад, зети, макъаронтæ, кърупатæ, картоф, халва, сæкæр, бæзджынгонд æхсыр, цай æмæ цæхджын джитъритæ.

— Дзæуджыхъæуы сарæзтам адæмæн æххуысгæнæг 16  штабы. Разамынд сын дæттынц горæты Минæвæртты æмбырды депутаттæ. Фæкæсинаг адæмы (низы аххосæй зын уавæры бахауджыты) номхыгъдтæ саразæм. Нæ сæйраг хæс у æнæфтиагæй баззайæг адæмы цард фенцондæр кæнын. Æппæт депутаттæ дæр архайынц æххуысгæнæн акцийы. Не ‘ргом здахæм адæмы æппæт куырдиæттæм дæр, — зæгъы Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутат Тыбылты Анатоли.

— Мæ куыстæй фæхаудтæн æмæ пенсийæ дарддæр ницы исын. Мæ бинонты цæмæй дарон, уый нæ зонын. Кæй нын æрбахастой, хойрагæй уыцы æххуыс нын нæ цард цыбыр рæстæгмæ фенцондæр кæндзæн, — загъта бирæсывæллонджын мад, идæдз ус Гæдзаонты Мæдинæ.

— Ацы бинонтæм ис  æхсæзæмкъласон чызг. Уый, æнæмæнг, хъæуы къæнцыларон дзаумæттæ, æмæ йын сæ рæхджы  балхæндзыстæм. Бинонтæм дарддæр дæр нæ цæст дардзыстæм, —  зæгъы партийы регионалон хайады æххæсткомы разамонæг Едзойты Марат.

Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутатты ныхасмæ гæсгæ, цалынмæ хииппæрддзинады фæтк нæ аивой, уæдмæ фæкæсинаг адæмæн æххуыс кæндзысты.

 

ЦОМАРТАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here