РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд коронавирусы инфекци ахæлиу кæнынæн гæрæнтæ æвæрыны сæрмагонд республикон штабы радон æмбырд.
Штабы уæнгтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг Республикон клиникон рынчындоны коронавирусæй рынчын адæмæн байгом кæндзысты уæлæмхасæн бынæттæ. Уыимæ, хæстæгдæр бонты Республикон клиникон æмæ Тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындæтты уæлæмхасæн байгом уыдзæн 70 реанимацион бынаты. Уымæй уæлдай, амбулаторитæ æмæ поликлиникæты дохтырты ‘рдыгæй сæрмагонд цæстдард ис, ныридæгæн рынчындæттæй кæй рафыстой, æмæ се ‘нæниздзинады уавæрмæ нырма кæсын кæмæн хъæуы, уыцы адæммæ.
Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, адæймаджы рынчындонæй рафыссыны фæдыл кæронбæттæн уынаффæ хъуамæ рахæссой медицинон кусæндоны сæйраг дохтыр, йæ хæдивæг æмæ иннæ специалисттæ. «Ахæм иумæйаг уынаффæ уыдзæн æппæты растдæр, æмæ йæ хæссын хъæуы, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады федералон æмæ республикон министрадты амынддзинæдтæ хынцгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, рынчындæттæй кæй рафыстой, уыцы адæмы æнæниздзинады уавæрмæ дарддæр дæр хъæуы бæстон кæсын. Уыимæ, ацы хъуыддаджы хорз уаид иннæ уæрæсейаг регионты фæлтæрддзинадæй дæр спайда кæнын», — фæнысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.
Видеоконференцийы фæткмæ гæсгæ арæзт æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй сæвзæргæ уавæрты ахсджиаг у рынчындæттæ æмæ амбулаториты къæпхæны специалистты æнгом æмгуыстад. Уыдонæн комкоммæ бастдзинад куы уа, уæд адæймаджы бæстон сдзæбæх кæныны хъуыддаг хуыздæр æххæстгонд цæудзæн.
Поликлиникæты разамонджытæм дзургæйæ, Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй, ныридæгæн рынчындæттæй кæй рафыстой, æмæ амбулаторон цæстдард кæй уавæрмæ ис, уыцы адæмæн хостæ хъуамæ лæвæрд цæуой лæвар.
— Сæвзæргæ уавæрты поликлиникæтæ æмæ амбулаторитыл уæлдай уæз кæй æрæнцад, уый бæлвырд у. Бынæттон хицаудзинады оргæнты разамонджыты размæ æвæрд цæуы бæлвырд хæс — хъуамæ сын комкоммæ бастдзинад уа поликлиникæты разамонджытимæ. Уыимæ, хъуамæ æвæстиатæй лыг кæной поликлиникæты транспортон ифтонгдзинады фарстытæ, — загъта Битарты Вячеслав.
Республикæйы разамонæг Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерланæн бахæс кодта, цæмæй сæрмагонд транспортæй ифтонггонд æрцæуой горæты 1-æм, 4-æм æмæ 7-æм поликлиникæты дохтыртæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ














