Уæлæмхасæн фæрæзтæ

0
528

Сæвзæргæ эпидемиологон уавæр ивддзинæдтæ бахаста РЦИ-Аланийы Хицауады куысты фæткмæ дæр. Республикæйы министрты кабинеты æмбырд фыццаг хатт арæзт æрцыд видеоконференцийы хуызы. Уымæй уæлдай, æмбырд æвдыст цыд Интернеты хызæджы дæр.

Æмбырды райдайæны Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз республикæйы æппæт цæрджытæм дæр фæсидт, цæмæй æнæкъуыхцыйæ æххæст кæной дохтырты амынддзинæдтæ æмæ сæ архайды фæтк аразой хииппæрддзинады фæдыл РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указы уагæвæрдты бындурыл (зындгонд куыд у, афтæмæй сæрмагонд санитарон уавæры тыххæй фæтк йæ тыхы ис 31 майы онг).

Уый фæстæ Хицауады уæнгтæ бæстон æркастысты боны фæткы фарстытæм.

Республикæйы финансты министр Бутаты Хъасболат æмбырды архайджыты размæ рахаста, УФ-йы Хицауад йæ фæстауæрцы фондæй 2020 азы республикæйæн цы уæлæмхасæн фæрæзтæ радих кодта, уыдон алы ведомствæтыл байуарыны фæдыл уынаффæйы проект. Министры ныхасмæ гæсгæ, уæлæмхасæн финансон æххуыс райсдзысты Тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындон (190 милуан сомы бæрц) æмæ Сывæллæтты республикон клиникон рынчындон (56 милуан сомы бæрц).

— Уыцы фæрæзты хардзæй амынд медицинон кусæндæтты сæвæрдзысты уæлæмхасæн техникон ифтонггæрзтæ, стæй дзы байгом кæндзысты, коронавирусæй рынчынты кæм дзæбæх кæндзысты, ахæм ног бынæттæ, — фæнысан кодта министр.

Фарстæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ахæм бюджетон уæлæмхасæн фæрæзты фæрцы зынгæ фæхъомысджындæр уыдзæн республикæйы медицинон кусæндæтты материалон-техникон уавæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фадат ратдзæн медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад фæнывылдæр кæнынæн. «Раздæр цы федералон финансон æххуыс райстам, уымæй та уæлæмхасæн мызд бафиддзыстæм, коронавирусæй рынчынтимæ комкоммæ чи архайы, уыцы дохтыртæ æмæ иннæ медицинон кусджытæн», — бафиппайдта Тускъайы-фырт.

Æмбырды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой сæвзæргæ эпидемиологон уавæрты чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады куыстуæттæн уæлæмхасæн паддзахадон æххуысы фарстытæм дæр. Зæгъæм, Хицауады уæнгтæ цы уынаффæ сфидар кодтой, уымæ гæсгæ уæлæмхасæн 150 милуан сомы радих кæндзысты республикæйы Экономикон рæзты министрадæн. Уыцы æхца бафтаудзысты РЦИ-Аланийы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады куыстуæттæн æфстæуттæ дæттыны фонды фæрæзтæм. Уый фæрцы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады субъекттæн фылдæр фадæттæ фæзындзæн алыхуызон куыстадон проекттæ æххæст кæнынæн фылдæр кредиттæ исыны хъуыддаджы. Куыд загъдæуыд, афтæмæй Хицауады æмвæзадыл куыст цæудзæн æндæр паддзахадон зæрдæдарæнтæ бацæттæ кæныныл дæр.

Иннæ уынаффæйæ Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты министрадæн уæлæмхасæн бюджетон фæрæзтæ 87 милуан сомы бæрцæй радих кæныны фæтк. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй уыцы фæрæзтæй бафиддзысты, ныййарæджы республикон капитал, æртыккаг æмæ уымæй фæстæмæ сывæллæттæ 2014 азы кæмæн райгуырд, уыцы бинонтæн.

Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барисы бавдыстæй Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой «2020-2022 азты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сылгоймæгты цымыдистæ хъахъхъæныны фæдыл архайды стратегийы уагæвæрдтæ æххæст кæныны пълан». Уыцы документы бындурыл сæрмагонд мадзæлттæ арæзт цæудзæн сылгоймæгты æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн, æмбæлгæ куысты уавæртæ сын аразынæн æмæ афтæ дарддæр.

Æмбырды архайджытæ æркастысты æндæр фарстытæм дæр.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here