Арфæтæ

0
555

Цæгат Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ!

Арфæ уын кæнын Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл! Ацы бæрæгбон ирд æвдисæн у, алкæцы адæймаджы царды дæр мадæлон æвзагæн цы стыр ахадындзинад ис, уымæн. Æвзаг у нæ культурæйы бындур, уый у, фыдæлтыккон зонд æмæ куырыхондзинады хъомысыл чи æнцой кæны æмæ нæ чи æнгом кæны, ахæм фæрæз. Мадæлон æвзагыл цы ныхас зæгъай, уый алкæддæр зæрдæйы райгуырын кæны уæлдай арфдæр æнкъарæнтæ, уый барæсугъд кæны цавæрфæнды циндзинад дæр, фæфæлмæндæр кæны цавæрфæнды быцæу дæр, иу хатт ма нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны, æфсымæртæ кæй стæм æмæ иу къонайæ кæй рацыдыстæм, уый.

Мах сæрбæрзонд стæм ирон æвзаджы рагон историйæ — уый ирд æвдисæн у нæ фыдæлты дæргъвæтин æмæ хъæздыг цардвæндагæн. Бирæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ снывонд кодтой сæ цард ирон æвзаг ахуыр кæнынæн. Ирыстоны алкæмæн дæр зындгонд сты Всеволод Миллеры, Андрей Шегрены, Жорж Дюмезиль æмæ Абайты Васойы нæмттæ. Абон ирон æвзаг зæрдиагæй ахуыр кæнынц Америчы, Германы, Францы, Бразилийы, Аргентинæйы, Индийы, Турк æмæ дунейы æндæр бæстæты.

Ирон æвзаг æмæ йæ бындурыл нывæст литературæ у, адæмы фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын кæй хъæуы, ахæм хæзна. Æмæ ацы хъуыддаджы æрмæст паддзахады архайд нæ, фæлæ хъæуы æхсæнады февнæлд дæр. Æрмæстдæр иумæйаг хъаруты фæрцы нæ къухы бафтдзæн нæ мадæлон æвзаджы авналæнтæ фæуæрæхдæр кæнын, нæ национ литературæ æмæ адæмон сфæлдыстады хæзнатæ ахуыр кæныны хъуыддаг фæхъомысджындæр кæнын.

Мæ зынаргъ æмзæххонтæ, алкæмæ дæр уæ сидын, цæмæй уыцы фæрныг нысанты фарсмæ æрбалæууат, цæмæй сыл æмхуызонæй бакусæм. Бацархайæм, цæмæй не ‘рвылбоны царды фылдæр хъуыса нæ мадæлон æвзаг, арæхдæр дзы пайда кæнæм. Алчидæр нæ йæхи дæнцæгыл кæстæртæн куыд амона, мадæлон æвзагæн аккаг аргъ кæнын кæй хъæуы, цы адæмыхатты минæвар дæ, цы зæххыл цæрыс, уыдоны кад хъахъхъæнинаг кæй у, уый.

Мæ зынаргъ æмзæххонтæ, æнæниз æмæ фæрнджын ут! Уæ алкæцы хъуыддаджы дæр æнтыстджын ут!

БИТАРТЫ Вячеслав,

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг

 

Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ!

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон сæрмагонд бынат ахсы республикæйы зæрдылдарæн бонты къæлиндары. Уымæн йæ сæйраг нысан у ногæй зæрдыл æрлæууын кæнын, мадæлон æвзаг нæ адæмы национ æмæ удварнон иудзинады нысан кæй у, æмæ йæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнын кæй хъæуы, уый.

Ацы бæрæгбон æнæфæхицæнгæнгæ у ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, цытджын поэт Хетæгкаты Къостайы номæй. Не стыр поэты сфæлдыстадон бынтæ сты нæ национ хæдбындур культурæйы æнæкæрон хъомыс æмæ рæсугъддзинады æвдисæн.

Алкæцы адæмæн дæр йæ мадæлон æвзаг у, аргъ кæмæн нæй, ахæм хæзна. Фыдæлтыккон куырыхондзинады хъомысыл чи æнцайы, уыцы мадæлон æвзаг адæмы тыхыл тых æфтауы, фидæны фæлтæрты фæрныгадыл куыстмæ амидин кæны. Уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, æвзаджы хъæздыгдзинад бахъахъхъæныны хæс хъуамæ уа нæ иумæйаг хъуыддаг.

Дунейы фарн зæгъæд, цæмæй ацы бон не ‘ппæтæн дæр суа республикæйы фæрныгадыл куыстмæ хонæг ноджыдæр ма иу ахæм мадзал! Мæ зынаргъ æмзæххонтæ, æнæниз æмæ амондджын ут, уæ хæдзæрттæ фæрныгадæй хайджын уæнт!

 

Алексей МАЧНЕВ,

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here