“Роспотребнадзор”-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ…

0
287

Коронавирусæй чи фæрынчын, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 72 адæймаджы.

Ахæм бæрæггæнæнтæ знон фехъусын кодта «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ.

«Коронавирус низæфтауæг кæмæ рабæрæг, уыцы цæгатирыстойнæгты нымæцыл фæстаг суткæйы дæргъы бафтыд 72 адæймаджы. Афтæмæй сæ иумæйаг бæрц ныртæккæ у 1943 адæймаджы», — радзырдта управленийы пресс-службæйы минæвар.

Уымæй уæлдай, хииппæрддзинады фæткмæ гæсгæ чи архайы æмæ дохтырты цæстдарды бæрны чи ис, уыцы адæмы нымæц абоны онг у 1518. Ныронг дыууæ къуырийы дæргъы хииппæрддзинады фæтк чи æххæст кодта, æмæ низæфтауæг кæмæ нæ разынд, уыцы 4059 адæймаджы систой медицинон цæстдардæй.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here